15 Уӕдӕ махӕй, алцӕмӕй ӕххӕст чи у, уымӕ ахӕм хъуыды хъуамӕ уа. Кӕд истӕй фӕдыл ӕндӕр хъуыдыйыл хӕст стут, уӕд уын уый дӕр Хуыцау раргом кӕндзӕн.
Уыдзӕни уӕрӕх фӕндаг уым, Уазвӕндаг — йӕ ном. Ӕнӕсыгъдӕг ыл йӕ къах не ’рӕвӕрдзӕн, уый ӕрмӕстдӕр Йӕ агурӕгӕн уыдзӕн, ӕмӕ ӕдылы дӕр нӕ фӕдзӕгъӕл уыдзӕн, фыццаг хатт куы цӕуа, уӕд дӕр.
Уӕдӕ ут ӕнаипп, уӕ Уӕларвон Фыд ӕнаипп куыд у, афтӕ.
Уӕдӕ сымах фыдзӕрдӕтӕ куы стут ӕмӕ уӕддӕр уӕ зӕнӕгӕн хорзы цӕуын куы зонут, уӕд Уӕларвон Фыд куыннӕ ратдзӕни Сыгъдӕг Уд, чи Дзы куры, уыдонӕн!»
Пехуымпартӕм фыст ис: „Ӕмӕ Хуыцау се ’ппӕты дӕр сахуыр кӕндзӕн“. Фыдмӕ чи хъусы ӕмӕ Фыд кӕй сахуыр кӕны, уый ӕрбацӕуы Мӕнмӕ.
Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын кӕй фӕнды, уый базондзӕн, ацы ахуырад Хуыцауӕй у ӕви йӕ Ӕз Мӕхи номӕй дзурын, уый.
Мах, йӕ уырнындзинад тыхджын кӕмӕн у, уыдон хъуамӕ ӕрмӕст нӕхи кой ма кӕнӕм, фӕлӕ ӕнӕбонтӕн ӕххуыс кӕнӕм сӕ лӕмӕгъдзинӕдты уаргъ хӕссын.
Ӕфсымӕртӕ, зондӕй сывӕллӕттӕ ма ут. Фыдбылыз саразынмӕ ут сабитӕ, зондӕй та — хъомылтӕ.
Зондыл та ахуыр кӕнӕм алцӕмӕй дӕр цӕттӕ уырнджыты, ӕрмӕст ацы дунейы зондыл, стӕй, сӕ кӕрон кӕмӕн ӕрцӕуы, а дунейы уыцы ӕлдариуӕггӕнджыты зондыл нӕ,
Сымахмӕ дӕр ӕндӕр зонд кӕй нӕ уыдзӕн, ууыл ӕз Бардарӕджы фӕрцы фидарӕй мӕ зӕрдӕ дарын. Уӕ зонд уын чи змӕнты — чидӕриддӕр уӕд, — уый ӕфхӕрд баййафдзӕн.
Нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы Хуыцау, кадджын Фыд, схайджын кӕнӕд уӕлзонды Удӕй сымах, цӕмӕй базонат Хуыцауы.
Мах хъусын кӕнӕм Чырыстийы тыххӕй; ӕппӕт зонынадӕй дӕр пайда кӕнгӕйӕ, алы адӕймагӕн дӕр зонд амонӕм ӕмӕ йӕ ахуыр кӕнӕм, цӕмӕй алы адӕймаг дӕр, Чырыстиимӕ кӕй ис, уый фӕрцы Хуыцауы раз ӕнаиппӕй ӕрлӕууа.
Салам уын ӕрвиты уӕхи Эпафрас, Йесо Чырыстийы цагъар. Уый иудадзыг сымах тыххӕй кувы ӕнувыдӕй, цӕмӕй уат ӕнӕфӕцудгӕ, ӕнӕгуырысхойӕ ӕууӕндат Хуыцауыл ӕмӕ алцӕмӕй дӕр Йӕ коммӕ кӕсат.
Ӕфсымӕрты уарзыны тыххӕй уӕм фыссын уӕвгӕ дӕр нӕ хъӕуы, уымӕн ӕмӕ кӕрӕдзийы уарзын сымах сахуыр кодта Хуыцау.
Хуыцауы сконд адӕймаг алы хуызы ифтонг ӕмӕ алы хорз хъуыддагмӕ дӕр цӕттӕ куыд уа, афтӕ.
Хъӕбӕр хойраг, йӕ фӕлтӕрддзинады фӕрцы хорз ӕмӕ ӕвзӕр кӕрӕдзийӕ иртасынмӕ чи арӕхсы, уыцы хъомылты у.
Фӕлӕ Йын Йӕ дзырд чи ӕххӕст кӕны, уымӕн йӕ зӕрдӕйы ӕцӕг ӕрцарди Хуыцауы уарзт. Уымӕй нын раргом вӕййы, мах Йемӕ кӕй баиу стӕм, уый.