30 Чырыстийы хъуыддаджы сӕраппонд Эпафродит мӕлӕтмӕ цыди, йӕ цард ӕвгъау нӕ кодта, цӕмӕй, сымахӕн уӕ бон цы нӕ уыди, уыцы ӕххуыс мын уӕ бӕсты бакӕна.
Фӕлӕ мӕнмӕ ницы кӕсы мӕ цард, ӕрмӕст бӕллын мӕ фӕндагыл кӕронмӕ ацӕуынмӕ ӕмӕ мын Бардарӕг Йесо цы куыст бафӕдзӕхста, уый кӕронмӕ фӕуынмӕ — Хуыцауы хорзӕхы тыххӕй Фарны Уац адӕммӕ фӕхӕццӕ кӕнынмӕ.
Уыдон мӕн тыххӕй нӕ бавгъау кодтой сӕ цард дӕр, ӕмӕ сӕ ӕрмӕст ӕз нӕ дӕн бузныг, фӕлӕ кӕддӕры муртаттӕгты ӕппӕт аргъуантӕ дӕр. Саламтӕ — сӕ хӕдзары цы аргъуан ӕрӕмбырд вӕййы, уымӕн дӕр.
Уымӕн ӕмӕ, чи ӕмбийы, нӕ уыцы буар хъуамӕ суа ӕнӕмбигӕ, ӕмӕ, мӕлӕт тых цӕуыл кӕны, уый хъуамӕ суа ӕнӕмӕлгӕ.
Кӕд уӕм Тимофей ӕрцӕуа, уӕд бацархайут, сымахмӕ йын ӕдас цӕмӕй уа, ууыл. Уымӕн ӕмӕ уый дӕр мӕнау Бардарӕгӕн кусы.
Сымах мемӕ кӕй не стут, уый мын баххӕст кодтой Стефан, Фортунат ӕмӕ Ахаик. Райын се ’рцыдыл.
Цыдӕриддӕр мӕм ис, уый дӕр ӕмӕ суанг мӕхи дӕр цингӕнгӕ ратдзынӕн уӕ удты сӕраппонд. Ӕз уӕ бирӕ куы уарзын, уӕд мӕ сымах къаддӕр цӕмӕн уарзут?
Мӕлӕт нӕ цух нӕ уадзы, цӕмӕй сымах цӕрат.
Фӕлӕ мӕ, мыййаг, суанг нывондӕн куы ӕрхастӕуа ӕмӕ нывонды тугау мӕ туг уӕ уырнындзинады нывондыл куы акӕла, уӕд дӕр ӕз цин кӕнын, стӕй цин кӕнын уе ’ппӕтимӕ дӕр.
Уыди рынчын ӕмӕ фӕцӕймард, фӕлӕ йын Хуыцау батӕригъӕд кодта, ӕмӕ ӕрмӕст уымӕн нӕ, фӕлӕ мӕнӕн дӕр, мӕ хъыгыл куыннӕуал бафта, афтӕ.
Бузныг дӕн Бардарӕгӕй ӕмӕ мӕ цинӕн кӕрон нал ис, дзӕвгар рӕстӕджы фӕстӕ та мыл тыхсын кӕй райдыдтат, уый тыххӕй. Уӕвгӕ мыл кӕддӕриддӕр тыхстыстут, фӕлӕ уын фадат нӕ уыд.
Ӕз райстон, ӕмӕ мӕм ис, цас мӕ хъӕуы, уымӕй фылдӕр. Цы мын рарвыстат, уый райстон Эпафродитӕй, ӕмӕ мӕм фаг ис. Уӕ хуын у хӕрздӕф нывондау, Хуыцауӕн фӕндиаг ӕмӕ ӕхсызгон.
Хъавыдтӕн ӕй мемӕ ныууадзынмӕ, Фарны Уацы сӕраппонд цалынмӕ ахӕстоны дӕн, уӕдмӕ мын дӕ бӕсты ӕххуыс куыд кодтаид.
Уыдон ыл фӕуӕлахиз сты Уӕрыччы тугӕй, се ’вдисӕнады ныхасӕй, кастысты мӕлӕты дзыхмӕ, фӕлӕ сӕ цард ӕвгъау нӕ кодтой.