21 Иннӕтӕ иууылдӕр мӕт кӕнынц, Йесо Чырыстийӕн фӕндон цы у, ууыл нӕ, фӕлӕ сӕхи пайдайыл.
Ӕцӕг, Иоасы паддзахиуӕгыл дыууын ӕртӕ азы куы рацыд, уӕд дӕр сауджынтӕ нӕма бавнӕлдтой уыцы бӕрнон куыстмӕ.
Куыйтау зыд ӕмӕ кӕрӕф сты, ӕфсис нӕ зонынц. Адӕмы хъӕр кӕмӕ нӕ хъуысы, уыцы фыййӕуттау сӕ алчи тыхсы ӕрмӕст йӕхи удыл, йӕхи пайдайыл.
Фӕлтау сымахӕй исчи Кувӕндоны дуӕрттӕ куы сӕхгӕнид, цӕмӕй Мын Мӕ нывондхӕссӕныл арт дзӕгъӕлы мауал судзат. Мӕ зӕрдӕ уӕ нӕ райы, уӕ нывӕндтӕ уын нӕ айсдзынӕн, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг.
Уӕд Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Мӕ фӕдыл цӕуын кӕй фӕнды, уый йӕхи ферох кӕнӕд, райсӕд йӕ дзуар ӕмӕ рацӕуӕд Мӕ фӕдыл.
«Чи Мӕм ӕрбацӕуа, уый йӕ фыды, йӕ мады, йӕ усы, йӕ зӕнӕджы, йе ’фсымӕрты, йӕ хоты, уӕлдайдӕр та йӕ цард Мӕнӕй фылдӕр куы уарза, уӕд Мын ахуыргӕнинагӕн нӕ бӕззы.
Павел ӕмӕ йе ’мбӕлццӕттӕ науыл ацыдысты Пафӕй ӕмӕ бахӕццӕ сты Памфилимӕ, Пергийы сахармӕ. Ам Иоанн уыдонӕй фӕхицӕн ӕмӕ ӕрбаздӕхт Йерусалиммӕ.
Фӕлӕ Павел разы нӕ уыд, Памфилийы сӕ чи ныууагъта ӕмӕ семӕ кусын кӕй нӕ бафӕндыд, уыцы адӕймаджы акӕныныл.
Йӕхи пайдайыл мачи тыхсӕд, фӕлӕ алчидӕр тыхсӕд иннӕйы пайдайыл.
Ӕз дӕр алы хъуыддаджы алкӕй зӕрдӕ куыд ӕлхӕнын, афтӕ. Мӕхи пайдайыл нӕ архайын, фӕлӕ бирӕты пайдайыл, цӕмӕй фервӕзой.
ӕнӕуаг митӕ нӕ кӕны, хи пайдамӕ нӕ тырны, нӕу мӕстыгӕр, маст йӕ зӕрдӕйы нӕ хӕссы.
Уымӕн ӕмӕ мах Чырыстийы хъизӕмӕрттӕй цас фылдӕр хайджын разынӕм, уыйас нын Чырысти дӕр дӕтты фылдӕр ныфс.
Алкӕмӕн дӕр уӕ йӕ мӕт йӕхиуыл нӕ, фӕлӕ иннӕтыл уӕд.
Зоныс ӕй, асиӕгтӕ иууылдӕр, семӕ Фигел ӕмӕ Ермоген дӕр, мӕн кӕй ныууагътой, уый.
Адӕм сӕхи ӕмӕ ӕхцайӕ дарддӕр ницы уарздзысты, уыдзысты хиппӕлой, хъал, гуырымыхъхъ, сӕ ныййарджытӕм нӕ хъусдзысты, ӕбузн, ӕнӕхуыцау.
Уымӕн ӕмӕ Димас ацы дуне фылдӕр бауарзта, ныууагъта мӕ ӕмӕ ацыди Фессалоникӕмӕ, Крискент та ацыд Галатимӕ, Тит — Далматимӕ. Иунӕг Лука ма ис мемӕ.
Фыццаг хатт мӕхи сраст кӕныны тыххӕй куы раныхас кодтон тӕрхоны раз, уӕд мӕ цуры ничи уыди, уымӕн ӕмӕ мӕ иууылдӕр ныууагътой. Хуыцау сын ӕй ныббарӕд!