13 уымӕн ӕмӕ Хуыцау Йӕхӕдӕг кусы уӕ зӕрдӕты — фӕндон Ын чи у, уӕ уыцы бӕллицтӕ ӕмӕ хъуыддӕгтӕ Уымӕй рацӕуынц.
Раттӕд нын коммӕгӕс зӕрдӕ, цӕмӕй, нӕ фыдӕлтӕн куыд бафӕдзӕхста, афтӕ цӕуӕм Йӕ амынд фӕндӕгтыл, ӕххӕст Ын кӕнӕм Йӕ фӕдзӕхстытӕ, Йӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Йӕ амындтытӕ.
Дунедарӕг Иудейы цӕрджытыл Йӕ арм дардта, иу зондахаст сын радта, ӕмӕ сӕххӕст кодтой, паддзах ӕмӕ сын йӕ барджынтӕ Дунедарӕджы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ цы бардзырд радтой, уый.
Йеремиайы уылты цы загъта, уый сӕххӕст кӕныны охыл Дунедарӕг сразӕнгард кодта Персы паддзах Киры йӕ паддзахиуӕджы фыццӕгӕм аз, ӕмӕ уый йӕ паддзахады алы ран дӕр дзыхы ныхасӕй ӕмӕ гӕххӕттыл фыстӕй фехъусын кодта:
Уыйадыл Иудӕйы хӕдзарвӕндаджы ӕмӕ Бениамины хӕдзарвӕндаджы мыггӕгты хистӕртӕ, сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕ, Хуыцау кӕй сразӕнгард кодта, уыдонӕй алчидӕр ацыд ӕмӕ февнӕлдта, Йерусалимы чи ис, Дунедарӕджы уыцы хӕдзар аразынмӕ.
Кад уӕд Дунедарӕгӕн, нӕ фыдӕлты Хуыцауӕн, Йерусалимы Дунедарӕджы хӕдзар фӕстӕмӕ йӕ къахыл слӕууыны хъуыды паддзахы сӕры Чи бауагъта!
Паддзах мӕ бафарста: «Ӕмӕ дӕ куыд фӕнды?» Ӕз мӕхинымӕр уӕларвон Хуыцаумӕ скуывтон ӕмӕ загътон паддзахӕн: «Паддзах цӕра, кӕд ын фӕндон у ӕмӕ мӕ йӕ хорзӕх ис, уӕд мӕ арвитӕд Иудеймӕ, мӕ фыдӕлты ингӕнтӕ кӕм сты, уыцы сахармӕ, ӕмӕ йӕ ногӕй саразон».
Хуыцау адӕймагӕн ӕппӕт уыдӕттӕ бавзарын кӕны, стӕй ма ноджы дыууӕ-ӕртӕ хатты фыддӕртӕ,
Йӕ хъуыддӕгтӕ — стыр ӕмӕ рӕсугъд, Йӕ рӕстад у ӕнусон.
Мӕ рахизфарсмӕ кӕсын ӕмӕ уынын: хъуыдыгӕнӕг мӕ нӕй, нӕй мын, кӕм балӕууон, ахӕм ран, мӕ удыл мын ничи тыхсы.
Паддзахы зӕрдӕ Дунедарӕджы къухы ис, цӕугӕдонау ӕй, кӕцырдӕм Ӕй фӕнды, уырдӕм здахы.
О Дунедарӕг! Ды нын фарн балӕвар кӕндзынӕ. Нӕ хъуыддӕгтӕ иууылдӕр — Дӕуӕй аразгӕ.
Мӕнӕ ис, Израилы байзӕддӕгтимӕ уыцы заманы фӕстӕ цы Фидыд сараздзынӕн, уый, — зӕгъы Дунедарӕг: Ме ’Гъдау сын сӕ сӕрызонды бавӕрдзынӕн, сӕ зӕрдӕтыл сын ӕй ныффысдзынӕн. Ӕз уыдзынӕн сӕ Хуыцау, уыдон та — Мӕ адӕм.
Уыдон уыдзысты Мӕ адӕм, Ӕз та — сӕ Хуыцау.
Ма тӕрс, чысыл дзуг! Уӕ Фыды бафӕндыд сымахӕн Паддзахад раттын.
«Кад Хуыцауӕн бӕрзӕндты, зӕххыл та фарнимӕ уӕнт, Хуыцау кӕуыл ауды, уыдон!»
Иоанн сын дзуапп радта: «Адӕймагӕн йӕ бон аразын ницы у, уӕларвӕй йын лӕвӕрд куынӕ уа, уӕд.
Пехуымпартӕм фыст ис: „Ӕмӕ Хуыцау се ’ппӕты дӕр сахуыр кӕндзӕн“. Фыдмӕ чи хъусы ӕмӕ Фыд кӕй сахуыр кӕны, уый ӕрбацӕуы Мӕнмӕ.
Ӕмӕ дарддӕр кодта Йӕ ныхас: «Ӕз уын уый тыххӕй загътон, Мӕнмӕ ӕрбацӕуын никӕй бон у, Мӕ Фыдӕй йын лӕвӕрд куынӕ уа, уӕд, зӕгъгӕ».
Хуыцау сын хъару лӕвӕрдта, бирӕтӕ баууӕндыдысты ӕмӕ се ’ргом Бардарӕгмӕ раздӕхтой.
Хуыцау мын Йӕ хорзӕх кӕй радта, уымӕ гӕсгӕ уӕ алкӕмӕн дӕр зӕгъын: цы стут, уӕхицӕй уымӕй фылдӕр ӕнхъӕл ма ут, фӕлӕ уӕ алкӕмӕн дӕр Хуыцау уырнындзинад цас радта, уымӕ гӕсгӕ раст аргъ кӕнут уӕхицӕн.
Гуыргӕ дӕр нӕма ракодтой, хорзӕй дӕр ӕмӕ ӕвзӕрӕй дӕр ницыма сарӕзтой, афтӕмӕй Хуыцау Ревеккӕйӕн загъта, цӕмӕй равдиса, цы снысан кодта,
Уӕдӕ ӕппӕт дӕр аразгӕ у, адӕймаджы куыд фӕнды ӕмӕ хи хъаруйӕ цы кӕны, уымӕй нӕ, фӕлӕ хорзӕхдӕттӕг Хуыцауӕй.
Куыстытӕ алыхуызон сты, фӕлӕ не ’ппӕты фӕрцы ӕппӕт дӕр уыцы иу Хуыцау аразы.
Фӕлӕ ӕз, цы дӕн, уый Хуыцауы хорзӕхӕй дӕн. Ӕмӕ Йӕ хорзӕхӕй хайджын дзӕгъӕлы нӕ фӕдӕн: ӕз се ’ппӕтӕй дӕр фылдӕр бакуыстон — ӕниу, ӕз нӕ, фӕлӕ мемӕ чи ис, Хуыцауы уыцы хорзӕх.
Уый тыххӕй нӕ, ӕмӕ нӕхӕдӕг истӕмӕн бӕззӕм. Мах афтӕ нӕ нымайӕм, ӕмӕ нӕм нӕхи цавӕрдӕр курдиат ис. Нӕ! Цы нӕм ис, уый Хуыцауӕй лӕвӕрд у.
Чырыстийы фӕрцы махӕй Йӕхицӕн скодта бындартӕ. Афтӕ Хуыцау снысан кодта рагацау, уымӕн ӕмӕ Уый ӕппӕт дӕр аразы Йӕхи фӕндонмӕ гӕсгӕ,
Кӕй нӕ уарзы, уымӕ гӕсгӕ Уый бафӕндыд Йесо Чырыстийы фӕрцы махӕй Йӕхицӕн хъӕбултӕ скӕнын.
Хуыцаумӕ рагагъоммӕ уыди, Чырыстийы руаджы кӕй хъуамӕ сӕххӕст кодтаид, ахӕм нысан. Ӕмӕ ныр махӕн раргом кодта Йӕ уыцы сусӕг фӕнд —
Хуыцауы хорзӕх сымах фервӕзын кодта уӕ уырнындзинады фӕрцы. Уӕхӕдӕг ницӕмӕй фесгуыхтыстут — уый уын Хуыцауы лӕвар у;
Ӕмӕ мах иудадзыг кувӕм сымах тыххӕй, цӕмӕй уӕ нӕ Хуыцау, цы цардмӕ уӕ ӕрхуыдта, уый аккаг скӕна, сӕххӕст уын кӕна уӕ хорз фӕндиӕгтӕ ӕмӕ, уырныдзинады бындурыл цы хъуыддӕгтӕ аразут, уыдон.
Хуыцау мах фервӕзын кодта ӕмӕ нӕ ӕрхуыдта сыгъдӕг цардмӕ — нӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ нӕ, фӕлӕ Йӕ фӕнд ӕмӕ Йӕ хорзӕхмӕ гӕсгӕ. Йӕ хорзӕх нын Йесо Чырыстийы руаджы суанг дуне сфӕлдисыны агъоммӕ рардӕуыд,
сымах схайджын кӕнӕд алы хорзӕхӕй дӕр, Йӕ фӕндон куыд ӕххӕст кӕнат, афтӕ. Уадз ӕмӕ Хуыцау Йесо Чырыстийы фӕрцы, фӕндон Ын цы у, уый сараза нӕ мидӕг. Чырыстийӕн кад уӕд мыггагӕй-мыггагмӕ! Аммен.
Арфӕгонд у нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы Хуыцау ӕмӕ Фыд. Йесо Чырыстийы мӕрдтӕй кӕй райгас кодта, уымӕй нын Йе стыр хорзӕхмӕ гӕсгӕ радта ног цард ӕмӕ ӕнӕфӕцудгӕ зӕрдӕдарӕн —