28 ӕмӕ ӕппындӕр уӕ ныхмӕлӕуджытӕй кӕй нӕ тӕрсут. Хуыцау сын уе ’хсары руаджы равдисдзӕн: уыдон фесӕфдзысты, сымах та фервӕздзыстут.
Дунедарӕг, фервӕзын кӕн, дарын Дыл мӕ зӕрдӕ!
Хуыцау мӕнӕн — мӕ ирвӕзынгӕнӕг, мӕ уды ныфс — нӕ зонын Йемӕ тас. Мӕ хъомыс — Уый, мӕ зарӕджы сӕр — Дунедарӕг! Уый сси мӕ ирвӕзынгӕнӕг!»
«Ӕз, Ӕз Мӕхӕдӕг куы дӕн уӕ Ныфс, уӕд цӕмӕй тӕрсут адӕймагӕй, уый мӕлӕты фос куы у, тихалӕгӕй уӕлдай куы ницы у?
Ӕрбайхъусут Мӕм, Мӕ рӕстдзинад Мын чи зоны, Ме ’гъдау йӕ зӕрдӕйы фыст кӕмӕн у, уыдон! Искӕй фидистӕй ма тӕрсут, искӕй ӕлгъыстытӕ уыл тас ма ’фтауӕнт!
Ма тӕрсут, буар чи мары, фӕлӕ уд амарын кӕй бон нӕу, уыдонӕй. Тӕрсут, уд дӕр ӕмӕ буар дӕр зындоны фесафын Кӕй бон у, Уымӕй.
Йесо, йӕ къух хуыскъ кӕмӕн уыди, уыцы лӕгӕн загъта: «Рахиз-ма адӕмы размӕ».
Уӕд алы адӕймаг дӕр фендзӕн Хуыцауӕй лӕвӕрд ирвӕзындзинад“».
Ӕмӕ куы ’рцӕуа, уӕд раргом кӕндзӕни дунейы азым — тӕригъӕд, рӕстад ӕмӕ тӕрхон цы сты, уый раст кӕй не ’мбары.
Уӕдӕ йӕ зонут: Хуыцау адӕймаджы кӕй ирвӕзын кӕны, уыцы уац муртаттӕгтӕн ӕрвыст у; хъусгӕ дӕр ӕй уыдон фӕкӕндзысты».
Кӕд Йӕ хъӕбултӕ стӕм, уӕд та, Хуыцаумӕ цы хорзӕхтӕ ис, уыдонӕй райсдзыстӕм, исгӕ та сӕ Чырыстиимӕ ракӕндзыстӕм. Ӕмӕ кӕд Чырыстиимӕ тухӕнтӕ ӕвзарӕм, уӕд нын хай уыдзӕн Йӕ кадӕй дӕр.
Куыд зонут, афтӕмӕй нӕ амӕй размӕ Филиппты бафхӕрдтой ӕмӕ дзы хъизӕмӕрттӕ бавзӕрстам, фӕлӕ нӕ Хуыцауы фӕрцы нӕ ныфс бахастам сымахӕн Йӕ Фарны Уац хъусын кӕнынмӕ, кӕд нӕ ныхмӕ тынг карзӕй лӕууыдысты, уӕддӕр.
Уымӕ гӕсгӕ ныфсджынӕй зӕгъӕм: «Бардарӕг мын у ӕххуысгӕнӕг, ӕмӕ нӕ тӕрсын: цы мын ракӕндзӕн адӕймаг?»
Цы хъизӕмӕрттӕ ӕвзарын дӕ бахъӕудзӕн, уыдонӕй ма тӕрс. Уӕ бафӕлварыны тыххӕй хӕйрӕг сымахӕй кӕйдӕрты баппардзӕн ахӕстоны, ӕмӕ уӕ хъизӕмар ахӕсдзӕни дӕс боны. Мӕлын дӕ куы бахъӕуа, уӕд дӕр-иу баззай иузӕрдионӕй, ӕмӕ дын Ӕз ратдзынӕн хӕрзиуӕг — мыггагмӕйы цард.