Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Филиппӕгтӕм 1:25 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

25 Ӕз ӕнӕгуырысхойӕ ӕууӕндын, ма цард дарддӕр дӕр уе ’ппӕтимӕ кӕй ӕрвитдзынӕн, цӕмӕй рӕза уӕ уырнындзинад ӕмӕ зӕрдӕрухс уат.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Филиппӕгтӕм 1:25
17 Iomraidhean Croise  

О Хуыцау, фехъуыстай мын мӕ сомытӕ, чи Дӕ тӕрсы, уыдонимӕ мын исбон радтай.


Фӕлӕ Ӕз куывтон дӕу тыххӕй, цӕмӕй дӕ уырнындзинад ма слӕмӕгъ уа. Ӕппӕт зӕрдӕйӕ Мӕм куы раздӕхай, уӕд-иу сфидар кӕн де ’фсымӕрты уырнындзинад».


Уырдӕм куы бахӕццӕ ӕмӕ Хуыцауы хорзӕх куы федта, уӕд йӕ зӕрдӕ барухс ӕмӕ се ’ппӕтӕн дӕр фӕдзӕхста, цӕмӕй Бардарӕгыл уой иузӕрдион.


Алы ран дӕр ныфс бауагътой ахуыргӕнинӕгты, фӕдзӕхстой сын, цӕмӕй уырнындзинадыл фидар хӕцой, ӕмӕ сын дзырдтой, Хуыцауы Паддзахадмӕ бацӕуыны сӕраппонд мах бирӕ зынтӕ бавзарын хъӕуы, зӕгъгӕ.


Ӕмӕ ныр зонын, сымах иууылдӕр — кӕй ӕхсӕн цардтӕн ӕмӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй кӕмӕн дзырдтон — мӕн кӕй нал фендзыстут, уый.


Ныфс Чи дӕтты, уыцы Хуыцау уын уырнындзинады фӕрцы раттӕд цин ӕмӕ фарн, цӕмӕй Сыгъдӕг Уды хъаруйӕ уӕ ныфс кӕна фидарӕй-фидардӕр.


Цӕмӕй муртаттӕгтӕ Хуыцауы коммӕ кӕсын райдайой, уый тыххӕй Чырысти мӕ фӕрцы цы сарӕзта, уымӕй уӕлдай мӕ ныфс ницӕй тыххӕй зӕгъынмӕ хӕссын. Чырысти уыдӕттӕ сӕххӕст кодта ныхас ӕмӕ хъуыддагӕй,


Уый зонын, ӕмӕ уыл куы сӕмбӕлон, уӕд уын мемӕ кӕй ӕрхӕсдзынӕн Чырыстийы ӕнӕкӕрон зӕрдӕбын арфӕтӕ.


Нӕ уырнындзинады фӕрцы нын Чырысти фӕндаг байгом кодта, хайджын кӕмӕй стӕм, уыцы хорзӕхмӕ. Ӕмӕ Хуыцауы кадӕй нӕ хай кӕй райсдзыстӕм, ууыл дарӕм нӕ зӕрдӕ, ӕмӕ нӕ цинӕн нал ис кӕрон.


Хъуыддаг уый мидӕг нӕй, ӕмӕ мах уӕ уырнындзинадӕн ӕлдариуӕг кӕнӕм. Мах уе ’мкусджытӕ стӕм уӕ цины сӕраппонд, уымӕн ӕмӕ фидар у уӕ уырнындзинад.


Уӕ сӕраппонд та хуыздӕр у мӕ буары баззайын.


Бардарӕджы фӕрцы мӕ фидарӕй уырны, рӕхджы уӕм мӕхӕдӕг дӕр кӕй зындзынӕн, уый.


Уыимӕ ма мын уат дӕр ӕрцӕттӕ кӕн. Уымӕн ӕмӕ мӕ зӕрдӕ дарын, Хуыцау уын уӕ куывд кӕй айсдзӕн ӕмӕ мын сымахимӕ ӕрыздӕхыны фадат кӕй балӕвар кӕндзӕн.


Сымах уӕхи цӕстӕй нӕ федтат Чырыстийы, фӕлӕ Йӕ уарзут, ӕмӕ Йӕ кӕд ныртӕккӕ нӕ уынут, уӕддӕр Ыл ӕууӕндут ӕмӕ уӕ цин у, зӕгъӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan