Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Филимонмӕ 1:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Уымӕн ӕмӕ ӕз хъусын, Бардарӕг Йесойыл куыд тынг ӕууӕндыс, ӕппӕт сыгъдӕджыты цы уарзтӕй уарзыс, уый тыххӕй.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Филимонмӕ 1:5
13 Iomraidhean Croise  

Басгӕрстай мын мӕ зӕрдӕ, ӕхсӕвыгон мӕ бафӕлвӕрдтай ӕмӕ мӕм ницы ссардтай хӕрамӕй: мӕ хъуыдытӕ нӕ хицӕн кӕнынц мӕ ныхӕстӕй.


Иудейӕгтӕм дӕр ӕмӕ муртаттӕгтӕм дӕр сидтӕн Хуыцауы раз сӕ тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кӕнынмӕ ӕмӕ нӕ Бардарӕг Йесойыл ӕууӕндынмӕ.


Цы уӕм ис, уымӕй хай кӕнут уе ’мдин ӕфсымӕртӕн, исты хъуаг куы уой, уӕд; уазӕгыл уӕхи ма тигъ кӕнут.


Ныр та сыгъдӕджытӕн ӕххуысы тыххӕй. Сымах хъуамӕ бакӕнат, ӕз Галатийы аргъуантӕн куыд бафӕдзӕхстон, афтӕ.


Уымӕн ӕмӕ, мах Йесо Чырыстиимӕ куы уӕм, уӕд, сунӕт скӕнай, ма скӕнай — уӕлдай нӕу; ахсджиаг у ахӕм уырнындзинад, уарзты уылты чи раргом вӕййы.


Уымӕ гӕсгӕ ӕз дӕр, Бардарӕг Йесойыл кӕй баууӕндыдыстут ӕмӕ ӕппӕт сыгъдӕджыты кӕй уарзут, уый куы фехъуыстон,


уымӕн ӕмӕ фехъуыстам: сымах ӕууӕндут Йесо Чырыстийыл ӕмӕ уарзут ӕппӕт сыгъдӕджыты.


Ныр Тимофей ӕрцыд сымахӕй ӕмӕ нӕм ӕрхаста хорз хабар уӕ уырнындзинад ӕмӕ уӕ уарзты тыххӕй; загъта нын, ӕдзух уӕ зӕрдыл кӕй лӕууӕм ӕмӕ, мах сымах фендмӕ куыд бӕллӕм, сымах дӕр мах фендмӕ афтӕ кӕй бӕллут.


Дӕ уарзт нын ӕрхаста стыр цин ӕмӕ нӕ ныфс бауагъта, уымӕн ӕмӕ дӕ фӕрцы, ме ’фсымӕр, срухс сты сыгъдӕджыты зӕрдӕтӕ.


Йӕ фӕдзӕхст та ахӕм у: мах хъуамӕ ӕууӕндӕм Йӕ Фырт Йесо Чырыстийыл ӕмӕ уарзӕм кӕрӕдзи, куыд нын бафӕдзӕхста, афтӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan