4 Ӕз ӕдзух бузныг фӕзӕгъын мӕ Хуыцауӕн, мӕ куывды дӕу дӕр куы ӕрымысын, уӕд.
Фыццаджыдӕр Йесо Чырыстийы фӕрцы арфӕ кӕнын мӕ Хуыцауӕн уе ’ппӕты тыххӕй дӕр, уымӕн ӕмӕ ӕгас дунейӕн уӕ уырнындзинад зындгонд у.
уӕдӕй фӕстӕмӕ сымах тыххӕй иудадзыг арфӕ кӕнын Хуыцауӕн ӕмӕ уын кувын.
Куы уӕ ӕрымысын, уӕд кӕддӕриддӕр сымах тыххӕй бузныг вӕййын мӕ Хуыцауӕй.
Хорзӕх ӕмӕ уын фарн — Хуыцауӕй, нӕ Фыдӕй, ӕмӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийӕ. Мах иудадзыг кувӕм сымах тыххӕй ӕмӕ арфӕ кӕнӕм Хуыцауӕн — нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы Фыдӕн,
Мах уе ’ппӕты тыххӕй дӕр кӕддӕриддӕр арфӕ кӕнӕм Хуыцауӕн ӕмӕ, куы фӕкувӕм, уӕд нӕ рох никуы вӕййут
Сымах тыххӕй, ӕфсымӕртӕ, мах хъуамӕ иудадзыг арфӕ кӕнӕм Хуыцауӕн, уымӕн ӕмӕ рӕзы уӕ уырнындзинад ӕмӕ уе ’хсӕн фидардӕр кӕны уарзондзинад.
Мӕ рагфыдӕлтау сыгъдӕг цӕсгомӕй Кӕмӕн кусын, уыцы Хуыцауӕй ӕз бузныг дӕн, ӕхсӕвӕй-бонӕй куы фӕкувын, уӕд ӕдзух дӕу кӕй ӕрымысын, уый тыххӕй.
Уымӕн ӕмӕ ӕз хъусын, Бардарӕг Йесойыл куыд тынг ӕууӕндыс, ӕппӕт сыгъдӕджыты цы уарзтӕй уарзыс, уый тыххӕй.