Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Филимонмӕ 1:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Курын дӕ, ахӕстоны куы уыдтӕн, уӕд мӕ хъӕбулау чи сси, уыцы Онисимы тыххӕй.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Филимонмӕ 1:10
14 Iomraidhean Croise  

Паддзах ныффӕдзӕхста Йоав, Авишай ӕмӕ Итайӕн: «Уыцы лӕппуйӕн мын, Авессаломӕн, мацы кӕнут». Паддзах хицӕуттӕн Авессаломы тыххӕй куы фӕдзӕхста, уӕд ӕй иннӕ адӕм дӕр фехъуыстой.


Адӕмӕй Йын иу дзуапп радта: «Ахуыргӕнӕг, ӕз Дӕм ӕрбакодтон мӕ фырты, ӕнӕзӕгъинаг ӕй багомыг кодта.


Хуыцау уӕ кӕй уарзы, уый тыххӕй уӕ курын, ӕфсымӕртӕ: уӕхи Йын ӕрхӕссут удӕгас, сыгъдӕг ӕмӕ фӕндиаг нывондӕн. Уый уыдзӕн, зӕрдӕйӕ чи цӕуы, уӕ уыцы куыст Хуыцауӕн.


Ӕз уыдӕттӕ уый тыххӕй нӕ фыссын, ӕмӕ уӕхиуыл ӕрхудат, фӕлӕ уын, уарзон хъӕбултӕн амонӕгау, зонд амонын.


Кӕд уын бирӕ чырыстон хъомылгӕнджытӕ ис, уӕддӕр уын фыдӕлтӕ бирӕ нӕй — Фарны Уац уӕм кӕй ӕрхастон, уый фӕрцы Йесо Чырыстийы хъаруйӕ ӕз сдӕн уӕ ныййарӕг.


Мӕ хъӕбултӕ, арӕг сылгоймагау ногӕй хъизӕмӕрттӕ сымах тыххӕй ӕвзарын, цалынмӕ Чырыстийы ӕрдзыхъӕдӕй не схайджын уат, уӕдмӕ.


Ӕрвитын уӕм ӕй, сымахӕрдыгон чи у, нӕ уыцы иузӕрдион ӕмӕ уарзон ӕфсымӕр Онисимимӕ. Уыдон уын радзурдзысты амы ӕппӕт хабӕрттӕ.


Ӕз фыссын Тимофеймӕ, уырнындзинады руаджы мын ӕцӕг хъӕбул чи сси, уымӕ. Хорзӕх, арфӕ ӕмӕ дын фарн Фыд Хуыцауӕй ӕмӕ нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийӕ.


Ӕз фыссын Титмӕ, нӕ иумӕйаг уырнындзинады фӕрцы мын ӕцӕг хъӕбул чи сси, уымӕ. Фарн ӕмӕ дын хорзӕх Фыд Хуыцауӕй ӕмӕ нӕ Ирвӕзынгӕнӕг Йесо Чырыстийӕ.


Кӕддӕр дын уымӕй пайда нӕ уыди, ныр та дӕуӕн дӕр ӕмӕ мӕнӕн дӕр пайда у. Ӕмӕ дӕм ӕй фӕстӕмӕ ӕрвитын,


Хъавыдтӕн ӕй мемӕ ныууадзынмӕ, Фарны Уацы сӕраппонд цалынмӕ ахӕстоны дӕн, уӕдмӕ мын дӕ бӕсты ӕххуыс куыд кодтаид.


Мӕ сывӕллӕттӕ ӕцӕгадмӕ гӕсгӕ кӕй цӕрынц, уый фехъусынӕй стырдӕр цин мӕнӕн нӕй.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan