8 Иу хатт бӕлӕстӕ ӕрӕмбырд сты ӕмӕ сӕхицӕн паддзах равзарын сфӕнд кодтой. Оливӕ бӕласӕн загътой: «Паддзахӕй нын ныллӕуу». Фӕлӕ сын уый дзуапп радта:
Йоаш дӕр ӕй ӕнӕ дзуаппӕй куыд ныууагътаид ӕмӕ йӕм ахӕм дзуапп арвыста: «Ливайнаг какон сындз ливайнаг кедрӕн загъта, дӕ чызджы мын мӕ лӕппуйӕн ратт, зӕгъгӕ. Фӕлӕ ууылты тугдзых сырдтӕ фӕцӕйцыдысты ӕмӕ йӕ сӕ къӕхты бын ныссӕстой.
Израилы паддзах Йоаш дзуапп радта Иудейы паддзах Амациайӕн: «Иу хатт ливайнаг какон сындз ливайнаг кедрӕн афтӕ зӕгъы: „Дӕ чызджы мын мӕ лӕппуйӕн ратт“. Фӕлӕ йӕ рӕзты ливайнаг хъӕддаг сырд фӕцӕйцыд ӕмӕ йӕ бассӕста йӕ къӕхты бын.
Къах куы зӕгъид: «Къух кӕй нӕ дӕн, уымӕ гӕсгӕ буары хай нӕ дӕн», уӕд уый тыххӕй буары хай нал уаид?
Йотамӕн уыцы хабар куы фехъусын кодтой, уӕд Геризимы хохы сӕрмӕ ссыди ӕмӕ уырдыгӕй ныхъхъӕр кодта: — Байхъусут мӕм, шехемӕгтӕ, ӕмӕ уын Хуыцау дӕр уӕ куывд фехъусдзӕн!
«Ӕмӕ уӕд, хуыцӕуттӕн ӕмӕ адӕмӕн цы сойӕ кад кӕнынц, уый та цы фӕуыдзӕн? Цӕмӕй иннӕ бӕлӕстӕй фӕуӕлдӕр уон, уый тыххӕй сын мӕ сой мауал дӕттон?»