Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 9:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 Шехем ӕмӕ Бет-Миллойы цӕрджытӕ, табуйаг дуры цур цы тулдз уыдис, уый раз ӕрӕмбырд сты ӕмӕ Авимелехы сӕхицӕн паддзахӕй расидтысты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 9:6
8 Iomraidhean Croise  

Давид ӕрцарди фидары, Давиды сахар ӕй схуыдта ӕмӕ йын Миллойӕ мидӕмӕ, фидары онг, йӕ алыварс бӕстыхӕйттӕ сарӕзта.


Роховам фӕцыди Шехеммӕ, уымӕн ӕмӕ уырдӕм ӕрӕмбырд сты ӕппӕт Израилы адӕм, цӕмӕй йӕ спаддзах кӕной.


Израилы хӕдзарвӕндӕгты адӕм иууылдӕр базыдтой, Йоровам Мысырӕй кӕй ӕрбаздӕхт, уый, фӕдзырдтой йӕм се ’хсӕнады ӕмбырдмӕ ӕмӕ йӕ спаддзах кодтой сӕхицӕн. Паддзах Давиды байзӕддагыл ма иузӕрдионӕй баззад ӕрмӕстдӕр Иудӕйы хӕдзарвӕндаг.


Йоровам Ефремы къуылдымтыл рацарӕзта Шехемы сахар ӕмӕ уым ӕрцард. Фӕстӕдӕр уырдыгӕй рацыд ӕмӕ рацарӕзта сахар Пенуел.


Паддзах Иоасы ныхмӕ йӕ дӕлдӕртӕ сусӕгвӕнд скодтой ӕмӕ йӕ амардтой Силламӕ фӕндагыл, Миллойы бӕстыхайы.


Йешуа ацы ныхӕстӕ ныффыста Хуыцауы Ӕгъдауы чиныджы, стыр дур райста ӕмӕ йӕ Дунедарӕджы Уаз Цӕрӕны фарсмӕ тулдзы бын сӕвӕрдта.


Уыцы къордимӕ Офрайы сахармӕ, йӕ фыды мыггаг кӕм цардис, уырдӕм ӕрбацыд ӕмӕ йӕ дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз ӕфсымӕры иу дуры сӕрыл амардта. Ӕрмӕст Гедеоны кӕстӕр фырт Йотам бамбӕхсти ӕмӕ уый фӕрцы аирвӕзт.


Йотамӕн уыцы хабар куы фехъусын кодтой, уӕд Геризимы хохы сӕрмӕ ссыди ӕмӕ уырдыгӕй ныхъхъӕр кодта: — Байхъусут мӕм, шехемӕгтӕ, ӕмӕ уын Хуыцау дӕр уӕ куывд фехъусдзӕн!


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan