57 Шехемӕгтӕн дӕр Хуыцау сӕ фыдракӕндтӕ бафидын кодта. Афтӕ сӕххӕст Иеруббаалы фырт Йотамы ӕлгъыст.
Кӕд мӕ паддзахӕй байсӕрстой, уӕддӕр мӕнмӕ нырма уый бӕрц тых нӕй, ацы Церуайы фырттӕ та ӕгӕр ӕгъатыр сты. Фӕлӕ сын Дунедарӕг схос кӕнӕд сӕ фыдракӕнды тыххӕй!»
Ахавы паддзахиуӕджы заман Вефилы сахайраг Хиел ногӕй рацарӕзта Йерихоны сахар. Сахарӕн йӕ бындур куы ӕрӕвӕрдта, уӕд амарди йӕ фыццаг фырт Авирам, кулдуар ын куы скодта, уӕд та — йӕ кӕстӕр фырт Сегув, кӕддӕр Дунедарӕг Нуны фырт Йешуайы уылты куыд загъта, афтӕ.
Йӕ азым ын Дунедарӕг сӕвӕрӕд йӕхиуыл, уымӕн ӕмӕ мӕ фыды ӕвастӕй карды амӕттаг бакодта йӕхицӕй рӕстагдӕр ӕмӕ хуыздӕр дыууӕ лӕджы: Неры фырт Авнеры — Израилы ӕфсады хицауы ӕмӕ Йетеры фырт Амасайы — Иудейы ӕфсады хицауы.
Йӕ фыдракӕнд йӕхи ныхмӕ рауайы, йӕхи сӕрыл ӕрцӕуы.
Ӕнӕхуыцау йӕ фыдракӕндты къӕппӕджы бахауы, йӕ тӕригъӕдтӕ — йӕ ахсӕн хыз.
Фыдгӕнӕгӕн та додой йӕ къона! Йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ йын бафыстӕуыдзӕн.
Ӕмӕ Дунедарӕг аудыдта Йешуайыл, ӕмӕ Йешуайы ном айхъуыст ӕгас бӕстыл.
Уӕд Адони-Безек загъта: «Дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз паддзахы, сӕ къухтӕ ӕмӕ сӕ къӕхты стыр ӕнгуылдзтӕ уыдысты лыг, афтӕмӕй мӕ фынджы бын уӕлдӕйттӕ уыгътой; мӕхӕдӕг иннӕтӕн цытӕ кодтон, уыдӕттӕ мын Хуыцау мӕхицӕн дӕр бавзарын кодта». Израилӕгтӕ Адони-Безекы Йерусалиммӕ акодтой, ӕмӕ уым амарди.
Авимелехы фӕстӕ Израилы ирвӕзынгӕнӕг сси Додойы фырты фырт, Пуайы фырт Тола, Иссахары хӕдзарвӕндагӕй. Уый царди Шамиры, Ефремы хӕхты.
Фӕлӕ кӕд галиу ӕмӕ мӕнгард ми ракодтат, уӕд Авимелех ахӕм арт ссудзын кӕнӕд, Шехем ӕмӕ Бет-Миллойы цӕрджыты чи бабын кӕна! Ӕмӕ Шехемы цӕрджытӕ дӕр ахӕм арт ссудзын кӕнӕнт, Авимелехы чи фесафа!
Авимелех ӕмӕ Шехемы цӕрджытӕ сӕ тӕригъӕд хъуамӕ иумӕ бафыстаиккой, уымӕн ӕмӕ Авимелех амардта Гедеоны дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз фырты, йе ’фсымӕрты, шехемӕгтӕ та йын уыцы фыдракӕнды ӕххуыс кодтой.
Авимелех ӕмӕ шехемӕгтӕ фӕхӕцыдысты ӕнӕхъӕн бон. Авимелех сахар бацахста ӕмӕ йын йӕ цӕрджыты ныццагъта. Шехемы сахар ныддӕрӕн кодта ӕмӕ йын йӕ бынаты цӕхх байзӕрста.
Афтӕ Хуыцау Авимелехӕн бафидын кодта йӕ тӕригъӕд — йӕ фыды мыггагмӕ йӕ къух кӕй систа ӕмӕ йе ’фсымӕрты кӕй амардта, уый.