56 Афтӕ Хуыцау Авимелехӕн бафидын кодта йӕ тӕригъӕд — йӕ фыды мыггагмӕ йӕ къух кӕй систа ӕмӕ йе ’фсымӕрты кӕй амардта, уый.
Ӕмӕ уӕхи туг, — уӕ цард кӕй мидӕг ис, — уый дӕр хъуамӕ макуы ныккӕла. Иунӕг адӕймаджы туг дӕр Мын ӕнӕистӕй нӕ баззайдзӕни — сырдӕй уа, адӕймагӕй уа.
Адӕймаджы туг чи ныккала, уый туг ныккӕлдзӕн адӕймаджы къухӕй, уымӕн ӕмӕ йӕ Хуыцау Йӕхи ӕнгӕс сфӕлдыста.
Ау, фыдбылызы хъуамӕ тӕригъӕдджын ма бахауид, фыдгӕнӕгӕн ма ӕрцӕуид йе сӕфт?
«Мӕгуыртӕ удхар кӕнынц, ӕнӕбонтӕ дзыназынц, — ныр Ӕз сӕ фарс рахӕцдзынӕн, йӕ фӕдыл кӕмӕн зилынц, уый фервӕзын кӕндзынӕн», — зӕгъы Дунедарӕг.
Кады зарӕг кӕнут Дунедарӕгӕн, Сионы Паддзахӕн, адӕмтӕн хъусын кӕнут Йӕ хъуыддӕгтӕ.
Ӕнӕхуыцау йӕ фыдракӕндты къӕппӕджы бахауы, йӕ тӕригъӕдтӕ — йӕ ахсӕн хыз.
уымӕн ӕмӕ, иннӕтӕн куыд тӕрхон кӕнат, афтӕ уын Хуыцау уӕхицӕн дӕр стӕрхон кӕндзӕн; уӕхӕдӕг цы барӕнӕй барат, уыцы барӕнӕй сбардзысты сымахӕн дӕр.
Сакъадахы цӕрджытӕ йын йӕ цонгыл калмы ауыгъдӕй куы федтой, уӕд кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Ацы адӕймаг, ӕнӕгуырысхойӕ, лӕгмар у. Денджызӕй фервӕзт, фӕлӕ йын раст тӕрхоны сылгоймаг-хуыцау удӕгасӕй баззайыны бар нӕ дӕтты».
Уӕхиуыл сайд ма ӕруадзут: Хуыцау хынджылӕггаг нӕу. Адӕймаг цы байтауа, уый ӕркӕрддзӕн.
Авимелех ӕмӕ Шехемы цӕрджытӕ сӕ тӕригъӕд хъуамӕ иумӕ бафыстаиккой, уымӕн ӕмӕ Авимелех амардта Гедеоны дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз фырты, йе ’фсымӕрты, шехемӕгтӕ та йын уыцы фыдракӕнды ӕххуыс кодтой.
Израилӕгтӕ йӕ мардӕй куы федтой, уӕд сӕ хӕдзӕрттӕм ныххӕлиу сты.
Шехемӕгтӕн дӕр Хуыцау сӕ фыдракӕндтӕ бафидын кодта. Афтӕ сӕххӕст Иеруббаалы фырт Йотамы ӕлгъыст.