55 Израилӕгтӕ йӕ мардӕй куы федтой, уӕд сӕ хӕдзӕрттӕм ныххӕлиу сты.
Йоав сыкъауадындзӕй ныууасыд, ӕмӕ йӕ хӕстонтӕ израилӕгты фӕсте сурын ныууагътой: Йоав ауӕрста йӕ адӕмыл.
Ӕдзӕсгомы куы атӕрай, уӕд хъаугъа банцайдзӕн, загъд ӕмӕ ’лгъыст басабыр уыдзысты.
Авимелех уайтагъд йӕ хотыхдармӕ фӕсидти: «Слас дӕ кард ӕмӕ мӕ амар. Хъуамӕ мачи зӕгъа, Авимелехы сылгоймаг амардта, зӕгъгӕ». Хотыхдар ын йӕ риуы кард ныссагъта, ӕмӕ амарди.
Афтӕ Хуыцау Авимелехӕн бафидын кодта йӕ тӕригъӕд — йӕ фыды мыггагмӕ йӕ къух кӕй систа ӕмӕ йе ’фсымӕрты кӕй амардта, уый.