53 уӕд ын иу сылгоймаг йӕ сӕрыл зилгӕ куыройы фыд ӕрӕппӕрста ӕмӕ йын йӕ сӕргӕхц батыдта.
Иеруббаалы фырт Авимелех дӕр Тевецы афтӕмӕй нӕ фӕмард? Цыдӕр сылгоймаг ыл сисы сӕрӕй куыройы фыды къӕртт ӕрӕппӕрста ӕмӕ йӕ амардта! Сисмӕ хӕстӕг цӕмӕн бацыдыстут?“ Ды-иу ын дзуапп ратт: „Дӕ цагъар хеттаг Уриа дӕр фӕмард“».
Хъуыддаг уый мидӕг нӕй. Ефремы хӕхбӕстаг, йӕ ном — Савей, Бихрийы фырт, йӕ къух систа паддзах Давидмӕ. Ӕрмӕстдӕр мын уый раттут, ӕмӕ уын уӕ сахар ӕнцад ныууадздзынӕн». Сылгоймаг загъта Йоавӕн: «Сисы сӕрӕй дын йӕ сӕр ӕрӕппардзысты».
Ау, фыдбылызы хъуамӕ тӕригъӕдджын ма бахауид, фыдгӕнӕгӕн ма ӕрцӕуид йе сӕфт?
Байхъусут, Дунедарӕг, Едом ӕмӕ Теманы цӕрджытӕн цы снысан кодта, уымӕ: суанг сын сӕ уӕрыччыты дӕр рӕгъауӕй фӕдавдзысты. Дунедарӕг сын бабын кӕндзӕн сӕ сӕрвӕттӕ.
Байхъусут, Дунедарӕг Вавилонӕн, халдейӕгты зӕххӕн, цы снысан кодта, уымӕ! Суанг ын йӕ уӕрыччыты дӕр рӕгъауӕй фӕдавдзысты, Дунедарӕг сын сӕ сӕрвӕттӕ дӕр бабын кӕндзӕн.
Уый йын загъта: «Ӕз демӕ ацӕудзынӕн, фӕлӕ ацы балц дӕу не скадджын кӕндзӕн. Дунедарӕг Сисерайы сылгоймаджы къухмӕ ратдзӕн». Ӕмӕ Деворӕ Баракимӕ Кедешмӕ ацыди.
Уый сын дзуапп радта: «Кӕд мӕ ӕцӕгдӕр уӕхицӕн паддзахӕй ӕвзарут, уӕд ӕрбацӕут ӕмӕ мӕ аууоны бамбӕхсут. Паддзахӕй мӕ куынӕ равзарат, уӕд мӕ сындзытӕй арты ’взӕгтӕ рацӕудзысты ӕмӕ ливайнаг нӕзыты басудздзысты».
Фӕлӕ кӕд галиу ӕмӕ мӕнгард ми ракодтат, уӕд Авимелех ахӕм арт ссудзын кӕнӕд, Шехем ӕмӕ Бет-Миллойы цӕрджыты чи бабын кӕна! Ӕмӕ Шехемы цӕрджытӕ дӕр ахӕм арт ссудзын кӕнӕнт, Авимелехы чи фесафа!
Авимелех ӕмӕ йе ’фсад мӕсыгмӕ хӕстӕг бацыдысты ӕмӕ йӕ алыварс ӕрлӕууыдысты. Авимелех мӕсыгыл арт бандзарынмӕ куы хъавыди,