Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 9:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Уыцы къордимӕ Офрайы сахармӕ, йӕ фыды мыггаг кӕм цардис, уырдӕм ӕрбацыд ӕмӕ йӕ дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз ӕфсымӕры иу дуры сӕрыл амардта. Ӕрмӕст Гедеоны кӕстӕр фырт Йотам бамбӕхсти ӕмӕ уый фӕрцы аирвӕзт.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 9:5
15 Iomraidhean Croise  

Цы дын зӕгъон, уый бакӕн ӕмӕ ма бабын уай дӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ дӕ фырт Соломон дӕр.


Науӕд, мӕ паддзах йӕ фыдӕлты фарсмӕ куы ӕрхуысса, уӕд ӕз мӕ фырт Соломонимӕ фыдгӕнджытыл нымад ӕрцӕудзыстӕм».


Самаримӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд Йегу амарын кодта, Ахавӕн ма уым чи баззад, уыдоны дӕр. Афтӕмӕй йын йӕ мыггаг бынтондӕр сыскъуыдта, Дунедарӕг Илийайы уылты куыд загъта, афтӕ.


Адон уыцы фыстӕг куы райстой, уӕд паддзахы байзӕддӕгты амарын кодтой, сӕ сӕртӕ сын чыргъӕдты нывӕрдтой ӕмӕ сӕ Йегумӕ Изреелы сахармӕ арвыстой.


Дунедарӕджы Кувӕндоны йӕ дыджызӕимӕ ӕмбӕхстӕй фӕци ӕхсӕз азы, цалынмӕ Атали паддзахиуӕг кодта, уӕдмӕ.


Иорам йӕ фыды бӕсты паддзах куы сси ӕмӕ йӕ бынаты куы ’рфидар ис, уӕд йе ’фсымӕрты се ’ппӕты дӕр амарын кодта, ноджы ма Израилы барджынтӕй кӕйдӕрты.


Стъалыдӕснытӕ йыл сайдӕй рацыдысты, уый куы бамбӕрста Ирод, уӕд тынг смӕсты ис. Ӕмӕ бардзырд радта, цӕмӕй, Вифлеем ӕмӕ йӕ алфамбылай дыууӕ азы онг кӕуыл цыд, уыцы лӕппуты се ’ппӕты дӕр амарой: Сывӕллон цы кары ис, уый сбӕлвырд кодта, стъалыдӕснытӕй цы базыдта, уымӕ гӕсгӕ.


ӕмӕ йын загъта: «Сыст, ракӕн Сывӕллоны Йӕ мадимӕ ӕмӕ ацу Израилы зӕхмӕ — Сывӕллоны марынвӕнд чи кодта, уыдон удӕгас нал сты».


Дунедарӕджы зӕд Офрайы сахармӕ ӕрцыд ӕмӕ, Иоасы зӕххыл цы тулдз уыдис, уый бын ӕрбадти. Иоас уыди Авиезеры хӕдзарвӕндагӕй. Уыцы рӕстӕг йӕ фырт Гедеон мӕнӕу ссадта сӕндуцӕны, цӕмӕй йӕ мидианӕгтӕ ма бафиппайой.


Уыцы ран Гедеон Дунедарӕгӕн нывондхӕссӕн сарӕзта ӕмӕ йыл сӕвӕрдта ном Яхве-Шалом. Уыцы нывондхӕссӕн абоны онг дӕр ис Офрайы, Авиезеры зӕххыл.


Гедеонӕн райгуырди дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз фырты, уымӕн ӕмӕ йын бирӕ устытӕ уыди.


Ныр ын сымах йӕ мыггаджы ныхмӕ сыстадыстут ӕмӕ йын йӕ фыртты ныццагътат! Иу дурыл дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз лӕджы амардтат! Ӕмӕ мӕ фыдӕн йӕ цагъары фырты, ӕрмӕстдӕр уӕ туг, уе стӕг кӕй у, уый тыххӕй уӕхицӕн, Шехемы цӕрджытӕн, паддзахӕй равзӕрстат!


«Шехемы цӕрджытӕн зӕгъут: цы уӕм хуыздӕр кӕсы, цӕмӕй уын хицауиуӕг Иеруббаалы дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз фырты кӕной ӕви ӕрмӕстдӕр йӕ иу фырт? Ӕмӕ ма рох кӕнут, шехемӕгтӕ, ӕз уӕ туг, уе стӕг кӕй дӕн, уый».


Шехем ӕмӕ Бет-Миллойы цӕрджытӕ, табуйаг дуры цур цы тулдз уыдис, уый раз ӕрӕмбырд сты ӕмӕ Авимелехы сӕхицӕн паддзахӕй расидтысты.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan