47 Авимелехӕн фехъусын кодтой, Шехемы мӕсыджы чи уыди, уыдон иууылдӕр уыцы ран ӕрӕмбырд сты, зӕгъгӕ.
Шехемы мӕсыджы чи царди, уыцы адӕм уыдӕттӕ куы фехъуыстой, уӕд, Ел-Бериты кувӕндоны цы фидар уыдис, уырдӕм ацыдысты.
Уӕд Авимелех йӕ адӕмы фӕрӕттимӕ Цалмоны хохы цурмӕ ӕрбакодта, йӕ фӕрӕтӕй бӕласы къалиутӕ ӕрцагъта, йе ’ккоймӕ сӕ систа ӕмӕ йӕ хӕстонтӕн бардзырд радта: «Рӕвдздӕр! Сымах дӕр мӕн бафӕзмут!»