44 Йӕ иу къордимӕ сахары кулдуары раз лӕууыд, иннӕ дыууӕ та, сахарӕй чи цыди, уыдоны цагътой.
Фӕлӕ кӕд кӕрӕдзийы ’хсынут ӕмӕ хӕрут, уӕд кӕсут уӕхимӕ, — ма фӕцӕгъдут кӕрӕдзийы.
Уый сын дзуапп радта: «Кӕд мӕ ӕцӕгдӕр уӕхицӕн паддзахӕй ӕвзарут, уӕд ӕрбацӕут ӕмӕ мӕ аууоны бамбӕхсут. Паддзахӕй мӕ куынӕ равзарат, уӕд мӕ сындзытӕй арты ’взӕгтӕ рацӕудзысты ӕмӕ ливайнаг нӕзыты басудздзысты».
Фӕлӕ кӕд галиу ӕмӕ мӕнгард ми ракодтат, уӕд Авимелех ахӕм арт ссудзын кӕнӕд, Шехем ӕмӕ Бет-Миллойы цӕрджыты чи бабын кӕна! Ӕмӕ Шехемы цӕрджытӕ дӕр ахӕм арт ссудзын кӕнӕнт, Авимелехы чи фесафа!
Йе ’фсад ӕртӕ къордыл адих кодта ӕмӕ рӕсӕнуаты бадти. Сахарӕй чидӕриддӕр цыди, уыдоны мардта.
Авимелех ӕмӕ шехемӕгтӕ фӕхӕцыдысты ӕнӕхъӕн бон. Авимелех сахар бацахста ӕмӕ йын йӕ цӕрджыты ныццагъта. Шехемы сахар ныддӕрӕн кодта ӕмӕ йын йӕ бынаты цӕхх байзӕрста.