37 Фӕлӕ та йын Гаал ногӕй загъта: «Къуыбырӕй адӕм ӕрцӕуынц. Иу ӕндӕр къорд та Дӕсныфӕрсджыты бӕласы ’рдыгӕй ӕрбацӕуы».
Мӕхи сыл ныххуырсон ӕмӕ ӕфтиаг ратӕлӕт кӕнон, мӕ бархъомыс ӕрӕвӕрон, ӕцӕгӕлон бӕстӕтӕй ӕрыздӕхӕг адӕм кӕм ӕрцардысты, уыцы сахарты хӕлддзӕгтыл, фос ӕмӕ ӕндӕр мулк чи самал кодта ӕмӕ зӕххы астӕу чи цӕры, уыдоныл‘.
Уымӕн ӕмӕ, уӕхи кӕй зӕхх бакӕндзыстут, уыцы адӕмтӕ дӕснытӕ ӕмӕ кӕлӕнгӕнджытӕм хъусынц, сымахӕн та Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, ахӕм бар нӕ дӕтты.
Гаал сӕ ауыдта ӕмӕ Зевулӕн загъта: «Цавӕрдӕр адӕм къуыбырӕй ӕрцӕуынц». Зевул ын дзуапп радта: «Нӕ, уыдон адӕм не сты. Уый дӕм, къуыбыртыл цы аууӕттӕ ис, уыдон адӕмы хуызӕн фӕкастысты».
Уӕд ын Зевул афтӕ зӕгъы: «Ӕмӕ дӕхӕдӕг афтӕ нӕ дзырдтай, Авимелех чи у ӕмӕ йын цӕмӕн хъуамӕ лӕггад кӕнӕм, зӕгъгӕ? Уӕртӕ сты, дӕ сӕрмӕ кӕй нӕ хӕссыс, уыцы адӕм. Цу ӕмӕ схӕц семӕ!»