34 Ӕхсӕвы Авимелех йе ’ппӕт ӕфсадимӕ хӕстмӕ рацыдис, йӕ хӕстонтӕ цыппар къордыл адих сты ӕмӕ Шехемы алыварс бабадтысты.
Нееманы хӕдзары уыд иу ӕвзонг чызг. Уымӕй размӕ кӕддӕр ӕй, Арамы ӕфсӕдтӕ хӕстон балцы куы уыдысты, уӕд Израилы зӕххыл, гыццыл чызг ма уыд, афтӕмӕй уацары райстой. Ныр Нееманы усӕн уыди йӕ унӕут.
Райсомӕй хур куыддӕр скӕса, афтӕ-иу бабырс сахармӕ. Гаал йе ’фсадимӕ дӕ размӕ рацӕудзӕн ӕмӕ дӕ къухтӕм бахаудзӕн».
Эведы фырт Гаал лӕууыди сахары кулдуары цур. Ӕвиппайды рӕсӕнуатӕй фӕзындис Авимелех йӕ адӕмимӕ.