29 Ехх, ӕз ацы адӕмӕн хицау куы уаин, уӕд Авимелехы бӕргӕ атӕрин ардыгӕй!» Ӕмӕ Гаал фӕсидти Авимелехмӕ, де ’фсад ӕрӕмбырд кӕн ӕмӕ хӕстмӕ рацу, зӕгъгӕ.
Авессалом-иу ын ноджы бафтыдта йӕ ныхасыл: «Тӕхуды, ацы бӕстӕн мӕ тӕрхоны лӕгӕй куы сӕвӕриккой, уӕд ӕз алкӕмӕн дӕр йӕ хъуыддаг раст ӕвзарин!»
Ууыл Израилы паддзах Бен-Хадады минӕвӕрттӕн загъта: «Мӕ дзуапп ыл сӕмбӕлын кӕнут: дӕхицӕй-иу раппӕл хӕстмӕ цӕугӕйӕ нӕ, фӕлӕ хӕстӕй здӕхгӕйӕ».
Уыцы заман Амациа минӕвӕрттӕ арвыста паддзах Йоашмӕ, Йоахазы фыртмӕ, Йегуйы фырты фыртмӕ, мӕ размӕ рацу ӕмӕ нӕ хъарутӕ лӕгӕй-лӕгмӕ бавзарӕм, зӕгъгӕ.
Гъемӕ уӕдӕ ме ’лдаримӕ, Ассирийы паддзахимӕ, бафидау, ӕмӕ дын уый ратдзӕни дыууӕ мин бӕхы, кӕд сын барджытӕ ссардзынӕ, уӕд.
Алцыдӕр йӕ бындурӕй куы фехӕлди, уӕд ма рӕстуды бон цы у?
Сахары хицау Зевул, Эведы фырт Гаал цы ныхӕстӕ кӕны, уый куы фехъуыста, уӕд смӕсты ис,