Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 9:27 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

27 Сӕнӕфсирдонмӕ ацыдысты, ӕртыдтой сӕнӕфсир, сӕндуцӕны йӕ ныллӕмӕрстой ӕмӕ куывд скодтой. Сӕ хуыцауы хӕдзары сӕхи ирхӕфстой ӕмӕ цин кодтой. Фынгтӕ равӕрдтой, хордтой, нуӕзтой ӕмӕ Авимелехы фыдгой кодтой.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 9:27
20 Iomraidhean Croise  

Рӕсӕнуатмӕ куы ӕрӕввахс сты, уӕд Моисей федта уӕныг, федта кафӕг адӕмы. Йӕ маст рафыхти Моисейӕн ӕмӕ, йӕ къухы цы къӕйдуртӕ уыд, уыдон хохы рӕбын зӕххыл ныццавта, ӕмӕ ныппырх сты.


Дыккаг бон райсомӕй адӕм ӕрхастой иууылсудзинӕгтӕ ӕмӕ фидыды нывӕндтӕ. Стӕй ӕрбадтысты хӕрд ӕмӕ нозтыл, уый фӕстӕ сыстадысты ӕмӕ хъазт сарӕзтой.


Ацы ныхӕстӕ сын иууылдӕр фехъусын кӕн, зӕгъ сын: «Дунедарӕг бӕрзондӕй ныннӕрдзӕн, Йӕ уаз цӕрӕнӕй райхъуысдзӕн Йӕ хъӕлӕс! Ныннӕрдзӕни Йӕ дзугыл, сӕндуцӕгау ныхъхъӕр кӕндзӕн ӕппӕт зӕххон цӕрджытыл!


Дӕхи уӕларвы Бардарӕгӕй уӕлдӕр сӕвӕрдтай. Йӕ Хӕдзары кӕхцытӕ дын дӕ размӕ ӕрбахастой, ӕмӕ де ’лдӕрттӕ, дӕ устытӕ ӕмӕ дӕ номылустытимӕ уыдонӕй сӕн нуӕзтай. Ӕвзист, сыгъзӕрин, ӕрхуы, ӕфсӕйнаг, хъӕдын ӕмӕ дурӕй конд хуыцӕутты кады аккаг скодтай. Уыдон та сты куырм, къуырма ӕмӕ ӕнӕзонд. Дӕ царды комулӕфт кӕй къухы ис ӕмӕ Дӕ фӕндӕгтӕ кӕй бар сты, уыцы Хуыцауы та кады аккаг не скодтай.


Зӕрдиагӕй Мӕм кувыны бӕсты сӕ хуыссӕнуӕтты ӕрдиаг кодтой; къӕбӕр ӕмӕ сӕны тыххӕй ӕрӕмбырд вӕййынц, Мӕнӕй та се ’ргом аздӕхтой.


Филистимӕгты хицӕуттӕ ӕрӕмбырд сты сӕ хуыцау Дагонӕн нывонд ӕрхӕссынмӕ ӕмӕ сӕхи бахъӕлдзӕг кӕнынмӕ. Уыдон дзырдтой: «Нӕ хуыцау нын Самсоны, не знаджы, нӕ къухмӕ радта»


Гедеоны мӕлӕты фӕстӕ израилӕгтӕ ногӕй тӕригъӕды бацыдысты, Баалтӕн табу кодтой ӕмӕ Баал-Беритӕй сӕхицӕн хуыцау сарӕзтой.


Шехеммӕ ӕрбацыдис Эведы фырт Гаал йӕ хӕстӕджытимӕ. Шехемӕгтӕ сӕ зӕрдӕ дардтой Гаалыл.


Баал-Бериты кувӕндонӕй йын дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз шекелы ӕвзист радтой. Уыцы ӕхцайӕ уый алы фыдгӕнджытӕ ӕмӕ дзӕгъӕлдзуты баххуырста.


Шехемы мӕсыджы чи царди, уыцы адӕм уыдӕттӕ куы фехъуыстой, уӕд, Ел-Бериты кувӕндоны цы фидар уыдис, уырдӕм ацыдысты.


Филистимаг ын загъта: «Лӕдзӕгимӕ мӕм цы рацыдтӕ? Ӕви дын куыдз дӕн?» Ӕмӕ йӕ хуыцӕуттӕй ралгъыста Давиды,


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan