26 Шехеммӕ ӕрбацыдис Эведы фырт Гаал йӕ хӕстӕджытимӕ. Шехемӕгтӕ сӕ зӕрдӕ дардтой Гаалыл.
Иуахӕмы Аврам Лотӕн загъта: «Курын дӕ, нӕ дыууӕйы ’хсӕн дӕр ӕмӕ нӕ фыййӕутты ӕхсӕн дӕр хъаугъа ма рауайӕд, уымӕн ӕмӕ ӕз ӕмӕ ды хионтӕ стӕм.
ӕмӕ загъта: «Ме ’фсымӕртӕ, уӕ хорзӕхӕй, мацы фыдбылыз саразут.
Шехемӕгтӕ Авимелехы ныхмӕ сӕ алыварс хӕхты бабадтысты ӕмӕ, сӕ рӕзты чидӕриддӕр цыди, уыдоны стыгътой. Авимелехмӕ уый тыххӕй фӕхабар чындӕуыд.
Сӕнӕфсирдонмӕ ацыдысты, ӕртыдтой сӕнӕфсир, сӕндуцӕны йӕ ныллӕмӕрстой ӕмӕ куывд скодтой. Сӕ хуыцауы хӕдзары сӕхи ирхӕфстой ӕмӕ цин кодтой. Фынгтӕ равӕрдтой, хордтой, нуӕзтой ӕмӕ Авимелехы фыдгой кодтой.
Эведы фырт Гаал дзырдта: «Чи у Авимелех шехемӕгты раз? Мах хъуамӕ Авимелехӕн лӕггад кӕнӕм? Иеруббаалы фырт ӕмӕ йӕ хӕдивӕг Зевул хъуамӕ сӕхӕдӕг лӕггад кӕной Хаморы адӕмӕн.
Сахары хицау Зевул, Эведы фырт Гаал цы ныхӕстӕ кӕны, уый куы фехъуыста, уӕд смӕсты ис,