25 Шехемӕгтӕ Авимелехы ныхмӕ сӕ алыварс хӕхты бабадтысты ӕмӕ, сӕ рӕзты чидӕриддӕр цыди, уыдоны стыгътой. Авимелехмӕ уый тыххӕй фӕхабар чындӕуыд.
Загъта сын: «Бабадут сахары чъылдыммӕ. Сахары цурӕй дард ма ацӕут, уе ’ппӕт дӕр уӕхи цӕттӕ дарут.
Авимелех ӕмӕ Шехемы цӕрджытӕ сӕ тӕригъӕд хъуамӕ иумӕ бафыстаиккой, уымӕн ӕмӕ Авимелех амардта Гедеоны дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз фырты, йе ’фсымӕрты, шехемӕгтӕ та йын уыцы фыдракӕнды ӕххуыс кодтой.
Шехеммӕ ӕрбацыдис Эведы фырт Гаал йӕ хӕстӕджытимӕ. Шехемӕгтӕ сӕ зӕрдӕ дардтой Гаалыл.