23 Фӕлӕ Хуыцау Авимелех ӕмӕ Шехемы цӕрджыты ’хсӕн фыдӕхы моны бауагъта, ӕмӕ шехемӕгтӕ Авимелехы ныхмӕ сыстадысты.
Паддзахмӕ адӕмы курдиат нӕ бахъардта, уымӕн ӕмӕ уый Дунедарӕджы фӕндон уыд. Хъуамӕ сӕххӕст уыдаид, Дунедарӕг силомаг Ахийайы уылты Наваты фырт Йоровамӕн цы ныхас загъта, уый».
Паддзах нӕ байхъуыста адӕммӕ, уымӕн ӕмӕ уый уыди Дунедарӕджы фӕндон. Хъуамӕ сӕххӕст уыдаид, Дунедарӕг силомаг пехуымпар Ахийайы дзыхӕй Наваты фырт Йоровамӕн цы ныхас загъта, уый.
Дунедарӕг сын сӕ сӕрызонд фӕцӕуын кодта, ӕмӕ мысырӕгты галиу фӕндӕгтӕм аздӕхтой. Адӕм ӕнӕхъола цоппай кӕнынц, расыг лӕг йӕ омдзӕджы куыд фӕрабыр-бабыр кӕны, уыйау.
Дунедарӕг зӕгъы: «Ӕз мысырӕгты кӕрӕдзиуыл сардаудзынӕн, ӕмӕ схӕцдзысты ӕфсымӕр ӕфсымӕримӕ, сыхаг сыхагимӕ, сахар сахаримӕ, паддзахад паддзахадимӕ.
Додой дӕ къона, гӕныстонгӕнӕг, ныронг гӕныстойнаг чи нӕма фӕци! Додой дӕ къона, фӕлитой стигъӕг, ныронг стигъджыты амӕттаг чи нӕма баци! Дӕрӕн кӕнын ӕмӕ стигъын куынӕуал фӕразай, уӕд дын дӕхи дӕр ныддӕрӕн кӕндзысты, дӕхи дӕр дын бастигъдзысты.
уымӕн ӕмӕ, иннӕтӕн куыд тӕрхон кӕнат, афтӕ уын Хуыцау уӕхицӕн дӕр стӕрхон кӕндзӕн; уӕхӕдӕг цы барӕнӕй барат, уыцы барӕнӕй сбардзысты сымахӕн дӕр.
Паддзахад куы ныддихтӕ уа, уӕд ын ӕнӕ фехӕлгӕ нӕй;
Фӕлӕ кӕд галиу ӕмӕ мӕнгард ми ракодтат, уӕд Авимелех ахӕм арт ссудзын кӕнӕд, Шехем ӕмӕ Бет-Миллойы цӕрджыты чи бабын кӕна! Ӕмӕ Шехемы цӕрджытӕ дӕр ахӕм арт ссудзын кӕнӕнт, Авимелехы чи фесафа!
Авимелех ӕртӕ азы дӕргъы уыдис Израилы паддзах.