Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 9:20 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

20 Фӕлӕ кӕд галиу ӕмӕ мӕнгард ми ракодтат, уӕд Авимелех ахӕм арт ссудзын кӕнӕд, Шехем ӕмӕ Бет-Миллойы цӕрджыты чи бабын кӕна! Ӕмӕ Шехемы цӕрджытӕ дӕр ахӕм арт ссудзын кӕнӕнт, Авимелехы чи фесафа!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 9:20
14 Iomraidhean Croise  

Уадз ӕмӕ ӕнаккӕгтӕ сӕ ахсӕн хызты бахауой сӕхӕдӕг, ӕз та сӕ иувӕрсты ацӕудзынӕн ӕдасӕй.


Дунедарӕджы хъӕлӕс — хъомысджын, Дунедарӕджы хъӕлӕс — стыр диссаг.


Ӕртӕсӕдӕ хӕстоны сыкъауадындзтӕй куы ныууасыдысты, уӕд Дунедарӕг афтӕ бакодта, ӕмӕ мидианӕгтӕ сӕ хъаматӕ кӕрӕдзийы ныхмӕ систой. Сӕ хӕстонтӕ фӕлыгъдысты суанг Бет-Шиттӕйы онг, Церерӕйы ’рдӕм, Таббатмӕ хӕстӕг сахар Авел-Мехолӕмӕ.


Уый сын дзуапп радта: «Кӕд мӕ ӕцӕгдӕр уӕхицӕн паддзахӕй ӕвзарут, уӕд ӕрбацӕут ӕмӕ мӕ аууоны бамбӕхсут. Паддзахӕй мӕ куынӕ равзарат, уӕд мӕ сындзытӕй арты ’взӕгтӕ рацӕудзысты ӕмӕ ливайнаг нӕзыты басудздзысты».


Гъемӕ уӕм кӕд, Иеруббаал ӕмӕ йӕ мыггаджы хӕрзтӕ ахӕм хуызы кӕй бафыстат, уый раст кӕсы, уӕд цин кӕнут Авимелехыл, ӕмӕ уыл уый дӕр цин кӕнӕд!


Уый фӕстӕ Йотам йе ’фсымӕр Авимелехӕй Бееры сахармӕ алыгъд ӕмӕ уым ӕрцардис.


Фӕлӕ Хуыцау Авимелех ӕмӕ Шехемы цӕрджыты ’хсӕн фыдӕхы моны бауагъта, ӕмӕ шехемӕгтӕ Авимелехы ныхмӕ сыстадысты.


Йӕ иу къордимӕ сахары кулдуары раз лӕууыд, иннӕ дыууӕ та, сахарӕй чи цыди, уыдоны цагътой.


Шехем ӕмӕ Бет-Миллойы цӕрджытӕ, табуйаг дуры цур цы тулдз уыдис, уый раз ӕрӕмбырд сты ӕмӕ Авимелехы сӕхицӕн паддзахӕй расидтысты.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan