Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 9:18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

18 Ныр ын сымах йӕ мыггаджы ныхмӕ сыстадыстут ӕмӕ йын йӕ фыртты ныццагътат! Иу дурыл дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз лӕджы амардтат! Ӕмӕ мӕ фыдӕн йӕ цагъары фырты, ӕрмӕстдӕр уӕ туг, уе стӕг кӕй у, уый тыххӕй уӕхицӕн, Шехемы цӕрджытӕн, паддзахӕй равзӕрстат!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 9:18
8 Iomraidhean Croise  

Сомы ракодта Дунедарӕг ӕмӕ Йӕ дзырд нӕ фӕсайдзӕн: «Ды Мелхиседекы хуызӕн Алчер дӕ мыггагмӕ».


Стӕй Иеруббаалы (Гедеоны) мыггагӕн дӕр, Израилы сӕраппонд цы хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уыдон хӕрзтӕй нӕ бафыстой.


Уӕд бӕлӕстӕ какон сындзӕн загътой: «Паддзахӕй нын ныллӕуу».


Мӕ фыд уӕ сӕрыл бирӕ фӕтох кодта. Цӕмӕй уӕ мидианӕгтӕй фервӕзын кӕна, уый тыххӕй йӕ цардыл нӕ ауӕрста!


Гъемӕ уӕм кӕд, Иеруббаал ӕмӕ йӕ мыггаджы хӕрзтӕ ахӕм хуызы кӕй бафыстат, уый раст кӕсы, уӕд цин кӕнут Авимелехыл, ӕмӕ уыл уый дӕр цин кӕнӕд!


«Шехемы цӕрджытӕн зӕгъут: цы уӕм хуыздӕр кӕсы, цӕмӕй уын хицауиуӕг Иеруббаалы дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз фырты кӕной ӕви ӕрмӕстдӕр йӕ иу фырт? Ӕмӕ ма рох кӕнут, шехемӕгтӕ, ӕз уӕ туг, уе стӕг кӕй дӕн, уый».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan