Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 9:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

16 Шехемӕгтӕ! Авимелехы уӕхицӕн паддзахӕй куы равзӕрстат, уӕд раст бакодтат, куыд уӕм кӕсы? Иеруббаалӕн ӕмӕ йӕ мыггагӕн сӕ хорздзинӕдтӕ хорзӕй бафыстат? Уый аккаг уыдис Иеруббаал?

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 9:16
4 Iomraidhean Croise  

Уыцы бон Гедеонӕн радтой ном Иеруббаал. Уый амоны «Баал йемӕ тох кӕнӕд», зӕгъгӕ, уымӕн ӕмӕ Гедеон Баалы нывондхӕссӕн ныппырх кодта.


Стӕй Иеруббаалы (Гедеоны) мыггагӕн дӕр, Израилы сӕраппонд цы хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уыдон хӕрзтӕй нӕ бафыстой.


Уый сын дзуапп радта: «Кӕд мӕ ӕцӕгдӕр уӕхицӕн паддзахӕй ӕвзарут, уӕд ӕрбацӕут ӕмӕ мӕ аууоны бамбӕхсут. Паддзахӕй мӕ куынӕ равзарат, уӕд мӕ сындзытӕй арты ’взӕгтӕ рацӕудзысты ӕмӕ ливайнаг нӕзыты басудздзысты».


Мӕ фыд уӕ сӕрыл бирӕ фӕтох кодта. Цӕмӕй уӕ мидианӕгтӕй фервӕзын кӕна, уый тыххӕй йӕ цардыл нӕ ауӕрста!


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan