Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 9:15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

15 Уый сын дзуапп радта: «Кӕд мӕ ӕцӕгдӕр уӕхицӕн паддзахӕй ӕвзарут, уӕд ӕрбацӕут ӕмӕ мӕ аууоны бамбӕхсут. Паддзахӕй мӕ куынӕ равзарат, уӕд мӕ сындзытӕй арты ’взӕгтӕ рацӕудзысты ӕмӕ ливайнаг нӕзыты басудздзысты».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 9:15
19 Iomraidhean Croise  

Йоаш дӕр ӕй ӕнӕ дзуаппӕй куыд ныууагътаид ӕмӕ йӕм ахӕм дзуапп арвыста: «Ливайнаг какон сындз ливайнаг кедрӕн загъта, дӕ чызджы мын мӕ лӕппуйӕн ратт, зӕгъгӕ. Фӕлӕ ууылты тугдзых сырдтӕ фӕцӕйцыдысты ӕмӕ йӕ сӕ къӕхты бын ныссӕстой.


Стонг заман ӕруагъта зӕххыл, иу ӕфсир нӕ ныууагъта бӕстыл.


Зарут Дунедарӕгӕн, Йӕ иузӕрдионтӕ, сыстаут Ын Йӕ уаз ном,


Йӕхи хъомысджын чи хоны, уый фӕскъауы хуызӕн суыдзӕн, йӕ митӕ та — зынджы стъӕлфӕнау. Ссудздзысты иумӕ, ӕмӕ сӕ ахуыссынгӕнӕг нӕ уыдзӕн.


Сӕ бындзарӕй стондзӕни Ливан ӕмӕ Башаны бӕрзонд бӕлӕстӕ,


Мӕ пехуымпары ӕвастӕй ацӕуынц Мысырмӕ, фараон нӕ сӕрыл рахӕцдзӕн, йӕ базыры бын нӕ бакӕндзӕн, зӕгъгӕ.


Дӕ цагъартӕн бафӕдзӕхстай Мӕн фауын. Дӕхи стыдтай, мӕ бирӕ бӕхӕфсадимӕ, дам, схызтӕн хӕхты бӕрзӕндтӕм, Ливаны рӕгътӕм. Ныццагътон, дам, ын йӕ бӕрзонд кедр бӕлӕстӕ, йӕ хуыздӕр кипаристӕ. Схызтӕн, дам, ын йӕ бӕрзонддӕр хохмӕ, бацыдтӕн йӕ хуыздӕр хъӕдмӕ.


Дунедарӕджы байсӕрст паддзах — нӕ царды комулӕфт — къӕппӕджы куы бахауди! Дзырдтам-иу: «Адӕмты ’хсӕн йемӕ нӕу махӕн фесӕфынӕй тас».


Йӕ зӕнг, йӕ къалиутыл ын сирвӕзт пиллон арт, йӕ дыргътӕ йын аныхъуырдта. Паддзахы лӕдзӕгӕн чи сбӕзза, ахӕм фидар къалиу ыл нал баззад“. Ай хъарӕг у ӕмӕ баззайдзӕни хъарӕджы номыл».


Бакӕс-ма Ассиримӕ — ливайнаг кедрмӕ; уыд аууондар, йӕ къабузтӕ — рӕсугъд, бӕрзонд — йӕ зӕнг, йӕ цъуппӕй ӕврӕгътыл ныдзӕвыд.


Ӕрмӕстдӕр ын йӕ бындзӕфхад зӕххы, быдыры кӕрдӕджы астӕу ныууадзут — ӕфсӕн ӕмӕ ӕрхуы рӕхысты. Йӕхи ӕхсӕд ӕрвон ӕртӕхӕй, цӕрӕд сырдтимӕ, адӕймаджы сӕрызондӕй ӕнӕхай фӕуӕд,


Алы ран сзайдзысты йӕ талатӕ, срӕсугъд уыдзӕн оливӕ бӕласау, Ливаны бӕлӕстау йӕ хӕрздӕф уӕлдӕфы хъардзӕн.


Уымӕн ӕмӕ рацыди Хешбонӕй цӕхӕр, Сигоны сахарӕй — арт ӕмӕ аныхъуырдта Ар-Моавы, Арноны бӕрзӕндты хицӕутты.


Кӕд уый ӕппӕт мыггӕгтӕн сӕ къаддӕр у, уӕддӕр, куы сзайы, уӕд цӕхӕрадоны иннӕ зайӕгойтӕй фӕбӕрзонддӕр вӕййы. Ахӕм бӕлас дзы рауайы, ӕмӕ йӕм уӕларвон мӕргътӕ ӕртӕхынц ӕмӕ йын йӕ къалиутыл ахстӕттӕ саразынц».


Уӕд бӕлӕстӕ какон сындзӕн загътой: «Паддзахӕй нын ныллӕуу».


Шехемӕгтӕ! Авимелехы уӕхицӕн паддзахӕй куы равзӕрстат, уӕд раст бакодтат, куыд уӕм кӕсы? Иеруббаалӕн ӕмӕ йӕ мыггагӕн сӕ хорздзинӕдтӕ хорзӕй бафыстат? Уый аккаг уыдис Иеруббаал?


Фӕлӕ кӕд галиу ӕмӕ мӕнгард ми ракодтат, уӕд Авимелех ахӕм арт ссудзын кӕнӕд, Шехем ӕмӕ Бет-Миллойы цӕрджыты чи бабын кӕна! Ӕмӕ Шехемы цӕрджытӕ дӕр ахӕм арт ссудзын кӕнӕнт, Авимелехы чи фесафа!


Йӕ иу къордимӕ сахары кулдуары раз лӕууыд, иннӕ дыууӕ та, сахарӕй чи цыди, уыдоны цагътой.


Хӕстонтӕ дӕр бӕлӕсты къалиутӕ ӕрцагътой ӕмӕ Авимелехы фӕдыл ацыдысты. Сӕ къалиутӕ фидары алыварс ӕрӕвӕрдтой ӕмӕ сыл арт бандзӕрстой. Уым уыди минмӕ ӕввахс нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ, Шехемы мӕсыджы чидӕриддӕр уыди, уыдон иууылдӕр басыгъдысты.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan