14 Уӕд бӕлӕстӕ какон сындзӕн загътой: «Паддзахӕй нын ныллӕуу».
Йоаш дӕр ӕй ӕнӕ дзуаппӕй куыд ныууагътаид ӕмӕ йӕм ахӕм дзуапп арвыста: «Ливайнаг какон сындз ливайнаг кедрӕн загъта, дӕ чызджы мын мӕ лӕппуйӕн ратт, зӕгъгӕ. Фӕлӕ ууылты тугдзых сырдтӕ фӕцӕйцыдысты ӕмӕ йӕ сӕ къӕхты бын ныссӕстой.
Фӕлӕ сын загъта: «Ӕмӕ мӕ сӕн та? Уый хъӕлдзӕг кӕны хуыцӕутты ӕмӕ адӕмы. Ау, мауал сын ӕй дӕттон? Ӕрмӕстдӕр, цӕмӕй иннӕ бӕлӕстӕй фӕуӕлдӕр уон, уый тыххӕй?»
Уый сын дзуапп радта: «Кӕд мӕ ӕцӕгдӕр уӕхицӕн паддзахӕй ӕвзарут, уӕд ӕрбацӕут ӕмӕ мӕ аууоны бамбӕхсут. Паддзахӕй мӕ куынӕ равзарат, уӕд мӕ сындзытӕй арты ’взӕгтӕ рацӕудзысты ӕмӕ ливайнаг нӕзыты басудздзысты».