8 Суккоты сахарӕй Гедеон ацыди Пенуелмӕ ӕмӕ та уым дӕр йӕ хӕстонтӕн хӕринаг куырдта. Пенуелы цӕрджытӕ дӕр ын суккотӕгты дзуапп радтой.
Хъӕбысӕйхӕцӕг Йаковӕн йӕ сины хӕцъӕфмӕ кӕй февнӕлдта, уымӕ гӕсгӕ израилӕгтӕ суанг абонмӕ дӕр сины хӕцъӕф нӕ хӕрынц.
Йоровам Ефремы къуылдымтыл рацарӕзта Шехемы сахар ӕмӕ уым ӕрцард. Фӕстӕдӕр уырдыгӕй рацыд ӕмӕ рацарӕзта сахар Пенуел.
Дунедарӕджы зӕд бардзырд куы ратты: «Мерозы сахар ралгъитут, ралгъитут ын йӕ цӕрджыты, — йӕ хӕстонтӕ Дунедарӕджы фарс не ’рлӕууыдысты, сӕ сахъгуырдтимӕ Дунедарӕгмӕ нӕ фӕзындысты!»
Ау, мӕ дзул ӕмӕ мӕ сӕн, стӕй мӕ фыстӕ ӕлвынджытӕн цы кусарт акодтон, уый ныр адонӕн раттон? Кӕцӕй сты, уый дӕр куы нӕ зонын».