Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 8:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 Суккоты хицӕуттӕ йын дзуапп радтой: «Ӕмӕ Зевах ӕмӕ Цалмуннӕ ныридӕгӕн дӕ къухы сты? Де ’фсадӕн нӕ хӕринаг цӕй тыххӕй агурыс?»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 8:6
11 Iomraidhean Croise  

Измаелы фырттӕ — хистӕрӕй кӕстӕрмӕ: Невайот, йӕ зӕнӕджы хистӕр, уый дӕле — Кедар, Адбеел, Мивсам,


Ӕфсымӕртӕ къӕбӕр хӕрыныл куыд ӕрбадтысты, афтӕ кӕсынц, ӕмӕ Галаады ’рдыгӕй ӕрбацӕуы измаелонты чырӕ — сӕ теуатыл Мысырмӕ ластой хӕрздӕфгӕнӕн чъиу неход, ӕвдадз ӕмӕ буд.


ӕмӕ сӕм мидианаг сӕудӕджертӕ куы ӕрбаввахс сты, уӕд Йосефы донуатӕй систой ӕмӕ йӕ ӕвзисты ссӕдз шекелыл измаелӕгтӕн ауӕй кодтой, уыдон та йӕ аластой Мысырмӕ.


Ууыл Израилы паддзах Бен-Хадады минӕвӕрттӕн загъта: «Мӕ дзуапп ыл сӕмбӕлын кӕнут: дӕхицӕй-иу раппӕл хӕстмӕ цӕугӕйӕ нӕ, фӕлӕ хӕстӕй здӕхгӕйӕ».


Йоаш дӕр ӕй ӕнӕ дзуаппӕй куыд ныууагътаид ӕмӕ йӕм ахӕм дзуапп арвыста: «Ливайнаг какон сындз ливайнаг кедрӕн загъта, дӕ чызджы мын мӕ лӕппуйӕн ратт, зӕгъгӕ. Фӕлӕ ууылты тугдзых сырдтӕ фӕцӕйцыдысты ӕмӕ йӕ сӕ къӕхты бын ныссӕстой.


Йӕхицӕн бинойнаг чи ссардта, уый — фӕрнджын, Дунедарӕджы хорзӕхӕй схайджын ис.


Иннӕтӕ иууылдӕр мӕт кӕнынц, Йесо Чырыстийӕн фӕндон цы у, ууыл нӕ, фӕлӕ сӕхи пайдайыл.


Дунедарӕджы зӕд бардзырд куы ратты: «Мерозы сахар ралгъитут, ралгъитут ын йӕ цӕрджыты, — йӕ хӕстонтӕ Дунедарӕджы фарс не ’рлӕууыдысты, сӕ сахъгуырдтимӕ Дунедарӕгмӕ нӕ фӕзындысты!»


Уый фӕстӕ Гедеон йе ’фсадимӕ Суккотмӕ ӕрбацыд ӕмӕ адӕмӕн загъта: «Мӕнӕ уын Зевах ӕмӕ Цалмуннӕ! Сымах та мӕ хынджылӕг кодтат, Зевах ӕмӕ Цалмуннӕйы куы нӕма ӕрцахстай, уӕд нӕ дӕ фӕллад хӕстонтӕн хӕринаг цӕмӕн агурыс, зӕгъгӕ».


Гедеон Суккоты цӕрджытӕн загъта: «Мӕ адӕмӕн мын иу чысыл хӕринаг авӕрут, бафӕлладысты. Мидианӕгты паддзӕхтӕ Зевах ӕмӕ Цалмуннӕйы фӕдыл рагӕй зилӕм».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan