5 Гедеон Суккоты цӕрджытӕн загъта: «Мӕ адӕмӕн мын иу чысыл хӕринаг авӕрут, бафӕлладысты. Мидианӕгты паддзӕхтӕ Зевах ӕмӕ Цалмуннӕйы фӕдыл рагӕй зилӕм».
Салимы паддзах Мелхиседек дӕр — Иууылбӕрзонд Хуыцауы сауджын — рахаста дзул ӕмӕ сӕн
Йаков та араст ис Суккотмӕ ӕмӕ уым айтыгъта йӕ цатыр, йӕ фосӕн та скодта халагъудтӕ. Уымӕ гӕсгӕ уыцы бынат хуыйны Суккот.
О Хуыцау, фехъуыстай мын мӕ сомытӕ, чи Дӕ тӕрсы, уыдонимӕ мын исбон радтай.
уымӕн ӕмӕ уын уыдон, Мысырӕй куы рацыдыстут, уӕд фӕндагыл сӕ къӕбӕр ӕмӕ сӕ дон бахӕлӕг кодтой, стӕй ма уыимӕ Арам-Нахараимаг Петоры цӕрӕг Балаамы, Беоры фырты дӕр баххуырстой, цӕмӕй уӕ ралгъита.
Дунедарӕджы зӕд бардзырд куы ратты: «Мерозы сахар ралгъитут, ралгъитут ын йӕ цӕрджыты, — йӕ хӕстонтӕ Дунедарӕджы фарс не ’рлӕууыдысты, сӕ сахъгуырдтимӕ Дунедарӕгмӕ нӕ фӕзындысты!»
Зевах ӕмӕ Цалмуннӕ фынддӕс мин хӕстонимӕ ӕрбынат кодтой Каркоры. Скӕсӕйнаг знӕмты ӕфсадӕй ма ӕрмӕстдӕр уый бӕрц баззади, ӕхсӕзыссӕдз мины дзы хӕсты фӕмард сты.
Зевах ӕмӕ Цалмуннӕ алыгъдысты. Гедеон сӕ фӕсте асырдта ӕмӕ мидианӕгты дыууӕ паддзахы ӕрцахста. Се ’фсад та фыр тӕссӕй алырдӕмты фӕлыгъдысты.
Уый фӕстӕ Гедеон йе ’фсадимӕ Суккотмӕ ӕрбацыд ӕмӕ адӕмӕн загъта: «Мӕнӕ уын Зевах ӕмӕ Цалмуннӕ! Сымах та мӕ хынджылӕг кодтат, Зевах ӕмӕ Цалмуннӕйы куы нӕма ӕрцахстай, уӕд нӕ дӕ фӕллад хӕстонтӕн хӕринаг цӕмӕн агурыс, зӕгъгӕ».
Уӕд Авигеа ӕвӕстиатӕй райста дыууӕсӕдӕ дзулы, дыууӕ лалымы сӕн, фондз кусартгонд фысы, цӕкуыты фондз мӕрты, чисмисы сӕдӕ ӕмӕ легъуийы дыууӕсӕдӕ халы ӕмӕ сӕ хӕрджытыл ӕргъомбӕстытӕй сӕвӕрын кодта.