Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 8:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Гедеон ӕмӕ йе ’ртӕсӕдӕ хӕстоны Иорданы фаллаг фарсмӕ бахызтысты. Се знӕгты фӕдыл рагӕй зылдысты ӕмӕ тынг бафӕлладысты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 8:4
10 Iomraidhean Croise  

Уымӕ гӕсгӕ нӕ ныфс нӕ сӕтты. Ӕмӕ кӕд не ’ддаг агъуд хӕррӕгъ кӕны, уӕд мидӕгӕй та бонӕй-бонмӕ ногдӕр кӕнӕм.


Уӕдӕ ӕвӕллайгӕйӕ аразӕм хорз хъуыддӕгтӕ, уымӕн ӕмӕ, кӕд нӕ хъару нӕ асӕтта, уӕд йӕ заманы ӕркӕрддзыстӕм, цы байтауӕм, уый.


Мидианӕгты дыууӕ фӕтӕджы, Зеев ӕмӕ Оревы ӕрцахстой. Зеевы амардтой Зеевы сахары, Оревы та — Оревы сахары. Израилӕгтӕ дарддӕр зылдысты мидианӕгты фӕдыл. Гедеонӕн Иорданы фалейӕ Зеев ӕмӕ Оревы сӕртӕ ӕрбахастой.


Хуыцау уын уӕ къухмӕ радта мидианӕгты дыууӕ фӕтӕджы — Зеев ӕмӕ Оревы. Ӕз ахӕмӕй ницы сарӕзтон». Ефремы фӕдонтӕ уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыстой, уӕд ӕрсабыр сты.


Уырдыгӕй Давид цыппарсӕдӕ лӕгимӕ дарддӕр ацыди амалекӕгты фӕдыл, дыууӕсӕдӕ лӕджы та баззадысты — афтӕ сӕнӕбон сты, ӕмӕ Бесоры тӕрфыл ахизынӕн нал уыдысты.


ӕмӕ Давид Дунедарӕджы бафарста: «Уыцы абырджыты фӕсте асурон? Баййафдзынӕн сӕ?» Дунедарӕг ын загъта: «Асур сӕ! Ӕнӕмӕнг сӕ баййафдзынӕ ӕмӕ дӕ адӕмы суӕгъд кӕндзынӕ».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan