34 Сӕ Хуыцауы, Дунедарӕджы, сӕ алыварс знӕгтӕй сӕ Чи фервӕзын кодта, Уый та ферох кодтой.
Къӕбӕр сын ад нал кодта, мӕлӕты къахыл ныллӕууыдысты.
Уӕдӕ стауӕнт Дунедарӕджы Йӕ хорзӕхы тыххӕй, адӕмӕн цы диссаджы хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уыдоны тыххӕй!
Ахӕстыты дзыназын Дӕм фехъуысӕд! Мӕлӕт кӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдоны Дӕ хъомысджын къухӕй бахиз!
Ӕвзонджы бонтӕй ма рох кӕн, Сфӕлдисӕгимӕ дӕ сӕмбӕлын кӕй хъӕуы, уый, науӕд фидӕны фӕсмон кӕндзынӕ ӕмӕ дзурдзынӕ: «Бафӕлладтӕн цардӕй!»
Ау, ӕнӕцыд чызг йӕ фӕлындӕнтӕ ферох кӕны, кӕнӕ чындз — йӕ чындздзон дарӕс? Мӕн та Мӕ адӕм ферох кодтой раджы.
Ӕнхъӕлынц ӕмӕ, кӕрӕдзийӕн цы фынтӕ дзурынц, уыдоны тыххӕй Мӕ адӕм ферох кӕндзысты Мӕ ном, кӕддӕр сӕ фыдӕлтӕ Баалы тыххӕй Мӕ ном куыд ферох кодтой, афтӕ.
Уым ын Ӕз фӕстӕмӕ ратдзынӕн йӕ сӕндӕттӕ, Ахоры дӕлвӕз фестдзӕни ныфсы дуар. Ӕмӕ уым райхъуысдзӕни йӕ зарӕг, ӕвзонг ма куы уыд ӕмӕ Мысыры зӕххӕй куы рацыд, уӕд куыд уыдис, афтӕ.
Уӕдӕ афтӕ: дӕхимӕ кӕс, ӕмӕ дӕ рох ма уӕд, дӕхи цӕстӕй цы федтай, уыдӕттӕ, цӕмӕй цӕрӕнбонты дӕ зӕрдыл лӕууой ӕмӕ дзурай дӕ цотӕн ӕмӕ дӕ цоты цотӕн.
Израилӕгтӕй сӕ Хуыцау ферох ис, тӕригъӕды бацыдысты, Баалтӕ ӕмӕ Ашерӕтӕн лӕггад кодтой.