Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 8:32 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

32 Иоасы фырт Гедеон амарди хӕрз зӕрондӕй, баныгӕдтой йӕ Офрайы, йӕ фыд Иоасы зӕппадзы, Авиезеры зӕххыл.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 8:32
10 Iomraidhean Croise  

Ды та дӕ фыдӕлтыл фарнимӕ сӕмбӕлдзынӕ, хӕрз зӕрондӕй бацӕудзынӕ ингӕнмӕ.


Йӕ цардӕй ахицӕн ис хӕрз зӕрондӕй, цардӕй бафсӕст, афтӕмӕй. Амард ӕмӕ йӕ фыдӕлты размӕ бацыди.


Асаелы мард систой ӕмӕ йӕ Вифлеемы йӕ фыды зӕппадзы бавӕрдтой. Йоав йӕ адӕмимӕ ӕхсӕв-бонмӕ фӕцыди, ӕмӕ сыл Хевроны ӕрбабон ис.


Иов амарди хӕрз зӕрондӕй, цӕрынӕй бафсӕсти, афтӕмӕй.


Карджынӕй бацӕудзынӕ ингӕнмӕ, йӕ афоныл кӕй банай кодтой, йӕ афоныл найгонд ӕфсирау.


Уыцы ран Гедеон Дунедарӕгӕн нывондхӕссӕн сарӕзта ӕмӕ йыл сӕвӕрдта ном Яхве-Шалом. Уыцы нывондхӕссӕн абоны онг дӕр ис Офрайы, Авиезеры зӕххыл.


Утӕппӕт сыгъзӕринӕй Гедеон саразын кодта ефод ӕмӕ йӕ сӕвӕрдта йӕ сахары, Офрайы. Израилӕгтӕ йын табу кӕнын райдыдтой ӕмӕ мӕнг хуыцӕутты фӕдыл ацыдысты. Гедеон ӕмӕ йӕ мыггагӕн ефод сси сӕ ахсӕн хыз.


Шехемы йын цы номылус царди, уымӕй дӕр ын фырт райгуырди, ӕмӕ йыл сӕвӕрдта ном Авимелех.


Гедеоны мӕлӕты фӕстӕ израилӕгтӕ ногӕй тӕригъӕды бацыдысты, Баалтӕн табу кодтой ӕмӕ Баал-Беритӕй сӕхицӕн хуыцау сарӕзтой.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan