31 Шехемы йын цы номылус царди, уымӕй дӕр ын фырт райгуырди, ӕмӕ йыл сӕвӕрдта ном Авимелех.
Агар Аврамӕн ныййардта фырт, ӕмӕ йыл Аврам сӕвӕрдта ном Измаел. Уӕд Аврамыл цыдис ӕхсӕз ӕмӕ цыппарыссӕдз азы.
Уым йӕ ус Саррӕйы хуыдта йӕ хо. Герары паддзах Авимелех арвыста Саррӕмӕ ӕмӕ йӕ ӕрбакӕнын кодта йӕхимӕ.
Нахорӕн ма йӕ номылус Реума дӕр ныййардта фырттӕ: Тевах, Гахам, Тахаш ӕмӕ Маахайы.
Гедеонӕн райгуырди дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз фырты, уымӕн ӕмӕ йын бирӕ устытӕ уыди.
Иоасы фырт Гедеон амарди хӕрз зӕрондӕй, баныгӕдтой йӕ Офрайы, йӕ фыд Иоасы зӕппадзы, Авиезеры зӕххыл.
Ныр ын сымах йӕ мыггаджы ныхмӕ сыстадыстут ӕмӕ йын йӕ фыртты ныццагътат! Иу дурыл дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз лӕджы амардтат! Ӕмӕ мӕ фыдӕн йӕ цагъары фырты, ӕрмӕстдӕр уӕ туг, уе стӕг кӕй у, уый тыххӕй уӕхицӕн, Шехемы цӕрджытӕн, паддзахӕй равзӕрстат!