30 Гедеонӕн райгуырди дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз фырты, уымӕн ӕмӕ йын бирӕ устытӕ уыди.
Уымӕ гӕсгӕ адӕймаг ныууадздзӕни йӕ фыд ӕмӕ йӕ мады, баиу уыдзӕн йӕ усимӕ, ӕмӕ суыдзысты иу буар.
Йаковимӕ Мысырмӕ чи ӕрцыди, йӕ уыцы байзӕддӕгтӕ, йӕ фыртты устыты нӕ нымайгӕйӕ, ӕдӕппӕтӕй уыдысты ӕхсӕз ӕмӕ ӕртиссӕдзы.
Доны хъаймӕтӕй Ной йӕхи бафснайдта науы, йӕ фырттӕ, йӕ ус ӕмӕ йӕ чындзытӕ дӕр — йемӕ.
Уыди йын авдсӕдӕ усы, уӕздан мыггӕгтӕй, стӕй ӕртӕсӕдӕ номылусы, ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕ Хуыцаумӕ ӕруазал кодтой.
Самарийы сахары Ахавы фырттӕ ӕмӕ йӕ фырты фырттӕ нымӕцӕй уыдысты дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз. Йегу арвыста фыстӕджытӕ Самаримӕ, Изреелы хицӕуттӕм — сахары хистӕртӕм ӕмӕ Ахавы цоты хъомылгӕнджытӕм. Фыст дзы уыдис:
Йосефимӕ — уый раздӕр афтыди Мысырмӕ — Йаковы байзӕддӕгтӕ ӕдӕппӕтӕй уыдысты дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз.
Хуыцау уӕ уд ӕмӕ буарӕй дӕр не сиу кодта? Ӕмӕ иу чи сси, уымӕн йӕ нысан цӕй мидӕг уыди? Хуыцау кӕй ралӕвар кодта, уыцы цоты агурын. Уӕдӕ хъахъхъӕнут уӕ удтӕ, ӕмӕ уӕ алчидӕр, йе ’взонджы бонты цы бинойнаджы ӕрхаста, ууыл гадзрахатӕй ма рацӕуӕд.
Ӕгӕр бирӕ устытӕ дӕр ма скӕнӕд йӕхицӕн, науӕд сӕнӕуаг уыдзӕн. Ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрины фӕдыл дӕр ма ацӕуӕд.
Уыдис ын дӕс ӕмӕ ссӕдз фырты, алкӕмӕ дӕр дзы уыди хӕрӕг, уыди сӕм дӕс ӕмӕ ссӕдз хъӕуы. Абоны онг уыцы хъӕутӕ сты Галаады ӕмӕ сӕ хонынц Иаиры хъӕутӕ.
Уыдис ын дыууиссӕдз фырты ӕмӕ дӕс ӕмӕ ссӕдз фырты фырты. Алкӕмӕ дӕр дзы уыди фӕйнӕ хӕрӕджы. Аст азы дӕргъы Авдон уыди Израилы фӕтӕг.
Уыди йын дӕс ӕмӕ ссӕдз фырты. Йӕ дӕс ӕмӕ ссӕдз чызджы моймӕ радта ӕмӕ йӕ фырттӕн дӕс ӕмӕ ссӕдз чызджы ӕрхаста. Авд азы дӕргъы Ивсан уыдис Израилы фӕтӕг.
Шехемы йын цы номылус царди, уымӕй дӕр ын фырт райгуырди, ӕмӕ йыл сӕвӕрдта ном Авимелех.
Иеруббаалы фырт Авимелех Шехемы сахармӕ йе ’фсымӕртӕм ӕрцыд ӕмӕ йе ’фсымӕртӕн, стӕй йе ’ппӕт мыггагӕн загъта:
Ныр ын сымах йӕ мыггаджы ныхмӕ сыстадыстут ӕмӕ йын йӕ фыртты ныццагътат! Иу дурыл дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз лӕджы амардтат! Ӕмӕ мӕ фыдӕн йӕ цагъары фырты, ӕрмӕстдӕр уӕ туг, уе стӕг кӕй у, уый тыххӕй уӕхицӕн, Шехемы цӕрджытӕн, паддзахӕй равзӕрстат!
«Шехемы цӕрджытӕн зӕгъут: цы уӕм хуыздӕр кӕсы, цӕмӕй уын хицауиуӕг Иеруббаалы дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз фырты кӕной ӕви ӕрмӕстдӕр йӕ иу фырт? Ӕмӕ ма рох кӕнут, шехемӕгтӕ, ӕз уӕ туг, уе стӕг кӕй дӕн, уый».
Уыцы къордимӕ Офрайы сахармӕ, йӕ фыды мыггаг кӕм цардис, уырдӕм ӕрбацыд ӕмӕ йӕ дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз ӕфсымӕры иу дуры сӕрыл амардта. Ӕрмӕст Гедеоны кӕстӕр фырт Йотам бамбӕхсти ӕмӕ уый фӕрцы аирвӕзт.