29 Иоасы фырт Иеруббаал (ома Гедеон) йӕ хӕдзары ӕрцарди.
Уыцы бон Гедеонӕн радтой ном Иеруббаал. Уый амоны «Баал йемӕ тох кӕнӕд», зӕгъгӕ, уымӕн ӕмӕ Гедеон Баалы нывондхӕссӕн ныппырх кодта.
Райсомӕй раджы Иеруббаал, ома Гедеон, йе ’фсадимӕ Хароды суадоны был рӕсӕнуат скодта. Мидианӕгты рӕсӕнуат та уыдис цӕгатӕрдыгӕй, дӕлвӕзы, Морейы хохы цур.
Израилӕгтӕ мидианӕгтыл куы фӕуӕлахиз сты, уӕд уыдон хӕрдмӕ скӕсын дӕр нал уӕндыдысты. Гедеоны заман бӕстӕ дыууиссӕдз азы уыди сабыр.
Уӕд Дунедарӕг рарвыста Иеруббаалы, Беданы, Йеффайы ӕмӕ мӕн, Самуелы, фервӕзын уӕ кодта уӕ алыварс знӕгтӕй, ӕмӕ цардыстут ӕдасӕй.