Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 8:26 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

26 Сӕ уӕз уыди мин ӕмӕ авдсӕдӕ шекелы. Уыдонӕй уӕлдай — ног мӕйы ӕнгӕс фӕлындӕнтӕ, даргъ сыгъзӕрин хъусцӕджытӕ ӕмӕ мидианӕгты паддзӕхты сӕнт сырх дарӕс, стӕй, теуаты бӕрзӕйтӕй цы фӕрдгуытӕ раластой, уыдон.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 8:26
14 Iomraidhean Croise  

Мардохей Ксерксӕй рацыди паддзахау хъӕздыг арӕзтӕй: ӕрвхуыз ӕмӕ урс зынаргъ дарӕсты, бӕрзонд зӕрин худы, лыстӕг гӕн ӕмӕ сӕнт сырх тӕбын уӕлӕфтауы. Шушан ради ӕмӕ цин кодта.


йӕхицӕн дӕр бахуыйы ӕмбӕрзӕнтӕ, гӕн ӕндахӕй уафт ӕмӕ сӕнт сырх къуымбилӕй — йӕ дарӕс.


Уыцы бон сын Дунедарӕг байсдзӕни сӕ фӕлындӕнтӕ: къахылдарӕн цӕгтӕ, хурӕнгӕс фӕрдгуытӕ, мӕйӕнгӕс фӕрдгуытӕ,


Таршишӕй сласынц ӕвзист, Уфазӕй — сыгъзӕрин. Згъӕртайынгӕнӕг ӕмӕ нывгӕнӕг сӕ бабӕстон кӕнынц, сӕ уӕлӕ сын скӕнынц сӕнт сырх хъуымацӕй дарӕс, сфӕлындынц сӕ гиацинтӕй, се ’ппӕт дӕр — ӕрмдӕсныты куыст.


Мысыраг нывӕфтыд гӕн хъуымацӕй уыдысты дӕ наупӕлӕзтӕ ӕмӕ дӕ тырыса, елишайаг ӕрвхуыз ӕмӕ сӕнт сырх хъуымӕцтӕй — дӕ уӕлӕдарӕс.


Уыдис иу хъӕздыг лӕг, уый дардта зынаргъ ӕмӕ рӕсугъд дарӕс, хъал цард кодта.


Ӕфсӕддонтӕ сбыдтой сындзын кады худ ӕмӕ йӕ Йесойы сӕрыл ӕрсагътой, сӕнт сырх пӕлӕз Ыл скодтой.


Ӕмӕ сӕм Йесо рацыди — сындзын кады худы ӕмӕ сӕнт сырх пӕлӕзы. Пилат сын загъта: «Мӕнӕ ис уыцы Адӕймаг!»


Сылгоймагыл уыди тар сырх ӕмӕ сӕнт сырх дарӕс, фӕлыст уыди сыгъзӕринӕй, зынаргъ дуртӕ ӕмӕ дзындзытӕй; йӕ къухы — йӕ хъахбайдзинады ӕлгъаг ӕмӕ чъизи хъуыддӕгтӕй йемыдзаг сыгъзӕрин кӕхц.


сыгъзӕрин ӕмӕ ӕвзист дзауматӕ, зынаргъ дуртӕ ӕмӕ дзындзытӕ; лыстӕг гӕнӕй уафт хъуымӕцтӕ, сырх, сӕнт сырх ӕмӕ зӕлдаг уӕфтӕгтӕ, алыхуызон хӕрздӕф хъӕдӕрмӕг; пылыстӕг, зынаргъ хъӕдӕрмӕг, ӕрхуы, ӕфсӕйнаг ӕмӕ мраморӕй конд алы дзауматӕ;


«Додойаг фӕдӕ, додойаг, гӕн хъуымацӕй, сырх ӕмӕ сӕнт сырх уӕфтӕгтӕй дарӕс кӕуыл ис, сыгъзӕринӕй, зынаргъ дуртӕй ӕмӕ дзындзытӕй фӕлыст чи у, уыцы стыр сахар!


Уӕд Зевах ӕмӕ Цалмуннӕ Гедеонӕн загътой: «Дӕхӕдӕг нӕ амар. Алчидӕр, йӕ бон цы у, уый кӕны». Гедеон сӕ амардта ӕмӕ, сӕ теуатыл цы ног мӕйы ӕнгӕс фӕлындӕнтӕ ауыгъд уыди, уыдон йӕхицӕн райста.


Израилӕгтӕ йын дзуапп радтой: «Ратдзыстӕм дын!» Зӕххыл уӕлӕфтау айтыдтой, ӕмӕ йыл алчидӕр йе ’фтиагӕй иу сыгъзӕрин хъусцӕг ӕрӕвӕрдта.


Утӕппӕт сыгъзӕринӕй Гедеон саразын кодта ефод ӕмӕ йӕ сӕвӕрдта йӕ сахары, Офрайы. Израилӕгтӕ йын табу кӕнын райдыдтой ӕмӕ мӕнг хуыцӕутты фӕдыл ацыдысты. Гедеон ӕмӕ йӕ мыггагӕн ефод сси сӕ ахсӕн хыз.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan