Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 8:24 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

24 Гедеон сын ноджы загъта: «Иу курдиат мӕм ис. Алчидӕр мын йе ’фтиагӕй иу хъусцӕг балӕвар кӕнӕд». Афтӕ та сын уымӕн загъта, ӕмӕ се знӕгтӕ уыдысты измаелӕгтӕ, ӕмӕ уыдон дардтой сыгъзӕрин хъусцӕджытӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 8:24
17 Iomraidhean Croise  

Теуатӕ дон куы бануӕзтой, уӕд чызгӕн радта ӕрдӕг шекелы уӕзӕн сыгъзӕрин фындзцӕг ӕмӕ дӕс шекелы уӕзӕн дыууӕ сыгъзӕрин цонгдарӕны


Стӕй систа ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин фӕлындӕнтӕ, дарӕсы фӕлыстытӕ ӕмӕ сӕ радта Ревеккӕйӕн. Йе ’фсымӕр ӕмӕ йын йӕ мадӕн дӕр ракодта зынаргъ лӕвӕрттӕ.


Мӕнӕ, Саррӕйы мысыраг унӕут Агар Авраамӕн кӕй ныййардта, уыцы Измаелы байзӕддӕгтӕ.


Измаелы фырттӕ — хистӕрӕй кӕстӕрмӕ: Невайот, йӕ зӕнӕджы хистӕр, уый дӕле — Кедар, Адбеел, Мивсам,


Йаковмӕ радтой, ӕцӕгӕлон хуыцауӕй сӕм цыдӕриддӕр уыди, уыдон, стӕй сӕ хъусцӕг-амулеттӕ, ӕмӕ сӕ Йаков баныгӕдта Шехеммӕ ӕввахс тулдз бӕласы бын.


Ӕфсымӕртӕ къӕбӕр хӕрыныл куыд ӕрбадтысты, афтӕ кӕсынц, ӕмӕ Галаады ’рдыгӕй ӕрбацӕуы измаелонты чырӕ — сӕ теуатыл Мысырмӕ ластой хӕрздӕфгӕнӕн чъиу неход, ӕвдадз ӕмӕ буд.


ӕмӕ сӕм мидианаг сӕудӕджертӕ куы ӕрбаввахс сты, уӕд Йосефы донуатӕй систой ӕмӕ йӕ ӕвзисты ссӕдз шекелыл измаелӕгтӕн ауӕй кодтой, уыдон та йӕ аластой Мысырмӕ.


Ууыл Израилы паддзах Бен-Хадады минӕвӕрттӕн загъта: «Мӕ дзуапп ыл сӕмбӕлын кӕнут: дӕхицӕй-иу раппӕл хӕстмӕ цӕугӕйӕ нӕ, фӕлӕ хӕстӕй здӕхгӕйӕ».


Моисей сын куыд фӕдзӕхста, Израилы адӕм афтӕ бакодтой — мысырӕгтӕй куырдтой ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин фӕлындӕнтӕ, дарӕс.


Адӕм сӕ хъусцӕджытӕ рафтыдтой ӕмӕ сӕ Ааронмӕ ӕрбахастой.


Аарон сӕ райста, стайын сӕ кодта ӕмӕ сӕ джиппыуагъд уӕныг сарӕзта. Уӕд адӕм загътой: «Мӕнӕ дӕ хуыцау, Израил! Мысыры зӕххӕй дӕ уый ракодта!»


Цы фӕндагыл цӕуын сын бафӕдзӕхстон, уымӕй ӕгӕр тагъд фӕзылдысты! Сӕхицӕн скодтой сыгъзӕрин уӕныг ӕмӕ йӕм бакуывтой, ӕрхастой йын нывӕндтӕ. Загътой: „Мӕнӕ дӕ хуыцау, Израил! Мысыры зӕххӕй дӕ уый ракодта!“»


Сӕ диссаджы хӕзнатӕй хъал уыдысты, се ’лгъаг гуымирытӕ уыдонӕй кодтой, ӕмӕ сын уымӕ гӕсгӕ сӕ хӕзнатӕ фенад кӕндзынӕн.


Израилӕгтӕ йын дзуапп радтой: «Ратдзыстӕм дын!» Зӕххыл уӕлӕфтау айтыдтой, ӕмӕ йыл алчидӕр йе ’фтиагӕй иу сыгъзӕрин хъусцӕг ӕрӕвӕрдта.


Ау, мӕ дзул ӕмӕ мӕ сӕн, стӕй мӕ фыстӕ ӕлвынджытӕн цы кусарт акодтон, уый ныр адонӕн раттон? Кӕцӕй сты, уый дӕр куы нӕ зонын».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan