Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 8:21 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

21 Уӕд Зевах ӕмӕ Цалмуннӕ Гедеонӕн загътой: «Дӕхӕдӕг нӕ амар. Алчидӕр, йӕ бон цы у, уый кӕны». Гедеон сӕ амардта ӕмӕ, сӕ теуатыл цы ног мӕйы ӕнгӕс фӕлындӕнтӕ ауыгъд уыди, уыдон йӕхицӕн райста.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 8:21
13 Iomraidhean Croise  

Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. «Ха-гиттит»-ы зӕлтӕм гӕсгӕ. Корахы фыртты псалом.


Дӕ Кувӕндоны кӕрты иу бон алӕууын ӕндӕр ран мин боны арвитынӕй — хуыздӕр! Ӕнӕхуыцӕутты цатырты цӕрынӕй Хуыцауы хӕдзарӕн йӕ къӕсӕры цур лӕууын — хуыздӕр!


Дунедарӕг Хуыцау — нӕ хур ӕмӕ нӕ уарт. Дунедарӕг дӕтты фарн ӕмӕ кад. Йӕ царды бонтӕ рӕстӕй чи ӕрвиты, уыдоны ӕнӕ хӕрзиуӕгӕй нӕ ныууадздзӕн.


Уыцы бон сын Дунедарӕг байсдзӕни сӕ фӕлындӕнтӕ: къахылдарӕн цӕгтӕ, хурӕнгӕс фӕрдгуытӕ, мӕйӕнгӕс фӕрдгуытӕ,


Уыйадыл Йешуа паддзӕхты ныммардта ӕмӕ сӕ фондз бӕласыл ӕрцауындзын кодта. Ауыгъдӕй фӕлӕууыдысты изӕрмӕ.


Уыцы бонты адӕм сӕхӕдӕг агурдзысты мӕлӕт, фӕлӕ йӕ не ссардзысты. Мӕлӕтмӕ бӕлдзысты, фӕлӕ йӕ нӕ фендзысты.


Уӕд Иудейы цӕрджытӕ загътой: «Мах ӕрбацыдыстӕм, цӕмӕй дӕ сбӕттӕм ӕмӕ дӕ филистимӕгты къухмӕ раттӕм». Самсон сын загъта: «Сомы ракӕнут, кӕй мӕ нӕ амардзыстут, уый тыххӕй».


Ӕмӕ йӕ хистӕр фырт Иетерӕн загъта: «Амар сӕ!» Фӕлӕ уый нырма ӕрыгон уыди ӕмӕ кард сисынмӕ йӕ ныфс нӕ бахаста.


Израилӕгтӕ Гедеонӕн загътой: «Паддзахӕй нӕм ныллӕу, дӕ фӕстӕ нын паддзах дӕ фырт суӕд, уый фӕстӕ та — дӕ фырты фырт. Ды нӕ мидианӕгтӕй фервӕзын кодтай!»


Сӕ уӕз уыди мин ӕмӕ авдсӕдӕ шекелы. Уыдонӕй уӕлдай — ног мӕйы ӕнгӕс фӕлындӕнтӕ, даргъ сыгъзӕрин хъусцӕджытӕ ӕмӕ мидианӕгты паддзӕхты сӕнт сырх дарӕс, стӕй, теуаты бӕрзӕйтӕй цы фӕрдгуытӕ раластой, уыдон.


Авимелех уайтагъд йӕ хотыхдармӕ фӕсидти: «Слас дӕ кард ӕмӕ мӕ амар. Хъуамӕ мачи зӕгъа, Авимелехы сылгоймаг амардта, зӕгъгӕ». Хотыхдар ын йӕ риуы кард ныссагъта, ӕмӕ амарди.


Саулы ныхмӕ тох стынг ис. Фатӕхсджытӕ йӕм баввахс сты ӕмӕ йӕ уӕззау цӕфтӕ фӕкодтой.


Хотыхдар Саулы мардӕй куы федта, уӕд уый дӕр йӕ карды фындзыл ныппӕрста йӕхи ӕмӕ амарди йӕ цуры.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan