20 Ӕмӕ йӕ хистӕр фырт Иетерӕн загъта: «Амар сӕ!» Фӕлӕ уый нырма ӕрыгон уыди ӕмӕ кард сисынмӕ йӕ ныфс нӕ бахаста.
цы тӕрхон сын ныффыстӕуыди, уый сыл ӕрцӕуын кӕной. Уыцы кад ӕрхаудзӕн ӕрмӕстдӕр Йӕ иузӕрдионтӕм. Алелуйа!
Йешуа ӕппӕт израилӕгтӕм дӕр фӕсидт ӕмӕ йе ’фсӕддон хицӕуттӕн загъта: «Рацӕут-ма хӕстӕгдӕр ӕмӕ мӕнӕ ацы паддзӕхты бӕрзӕйтыл къахӕй ӕрлӕуут». Уыдон бацыдысты ӕмӕ паддзӕхты бӕрзӕйтыл къахӕй ӕрлӕууыдысты.
Гедеон сын загъта: «Уыдон ме ’фсымӕртӕ уыдысты, мӕ ныййарӕг мады зӕнӕг. Ард уын хӕрын Дунедарӕгӕй, куы сыл бацауӕрстаиккат, уӕд уын ӕз дӕр фӕтӕригъӕд кӕнин».
Уӕд Зевах ӕмӕ Цалмуннӕ Гедеонӕн загътой: «Дӕхӕдӕг нӕ амар. Алчидӕр, йӕ бон цы у, уый кӕны». Гедеон сӕ амардта ӕмӕ, сӕ теуатыл цы ног мӕйы ӕнгӕс фӕлындӕнтӕ ауыгъд уыди, уыдон йӕхицӕн райста.
Фӕлӕ Самуел загъта: «Дӕ кард сылгоймӕгты сӕ цотӕй ӕнӕхай куыд кодта, афтӕ дӕ мад дӕр йӕ фыртӕй ӕнӕхай фӕуӕд!» Ӕмӕ Гилгалы, Дунедарӕджы раз, аргӕвста Агагы.