Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 8:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Гедеон сын дзуапп радта: «Ау, ӕмӕ мӕнӕн цы бантысти, уыдон уӕ хъуыддӕгтимӕ абарӕн ис? Ефреммӕ ӕрхаудысты сӕнӕфсиры фӕстаг цупӕлттӕ, уыдон Авиезеры ӕфтиагӕй бирӕ хуыздӕр сты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 8:2
11 Iomraidhean Croise  

Уӕ зӕххы тыллӕг куы ӕфснайат, уӕд-иу уӕ хуымты кӕрӕттӕ ма ныккӕрдут, стӕй-иу, уӕ хуымы цы баззайа, уыдон дӕр ма ӕруидзут.


Галаады фырттӕ: Иезерӕй — Иезеры хӕдзарвӕндаг, Хелекӕй — Хелечы хӕдзарвӕндаг,


Дунедарӕджы зӕд Офрайы сахармӕ ӕрцыд ӕмӕ, Иоасы зӕххыл цы тулдз уыдис, уый бын ӕрбадти. Иоас уыди Авиезеры хӕдзарвӕндагӕй. Уыцы рӕстӕг йӕ фырт Гедеон мӕнӕу ссадта сӕндуцӕны, цӕмӕй йӕ мидианӕгтӕ ма бафиппайой.


Уӕд Гедеоныл Дунедарӕджы Уд ӕртыхсти. Гедеон сыкъауадындзӕй ныууасыд ӕмӕ Авиезеры фӕдонты хӕстмӕ рамбырд кодта.


Ефремы байзӕддӕгтӕ Гедеонӕн загътой: «Мидианӕгты ныхмӕ хӕцынмӕ куы ацыдтӕ, уӕд махмӕ цӕуылнӕ фӕдзырдтай?» Фыр мӕстӕй пиллон арт уагътой.


Хуыцау уын уӕ къухмӕ радта мидианӕгты дыууӕ фӕтӕджы — Зеев ӕмӕ Оревы. Ӕз ахӕмӕй ницы сарӕзтон». Ефремы фӕдонтӕ уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыстой, уӕд ӕрсабыр сты.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan