13 Иоасы фырт Гедеон хӕстон балцӕй фӕстӕмӕ здӕхти Хересы къуыбырыл.
Зевах ӕмӕ Цалмуннӕ алыгъдысты. Гедеон сӕ фӕсте асырдта ӕмӕ мидианӕгты дыууӕ паддзахы ӕрцахста. Се ’фсад та фыр тӕссӕй алырдӕмты фӕлыгъдысты.
Иу суккотаг лӕппуйы ӕрцахста ӕмӕ йын йӕ сахары хицӕутты, стӕй хистӕрты нӕмттӕ ныффыссын кодта. Ӕдӕппӕтӕй уыдысты ӕвддӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз.