12 Зевах ӕмӕ Цалмуннӕ алыгъдысты. Гедеон сӕ фӕсте асырдта ӕмӕ мидианӕгты дыууӕ паддзахы ӕрцахста. Се ’фсад та фыр тӕссӕй алырдӕмты фӕлыгъдысты.
Фӕлӕ Уый бардартӕн цурон митӕ нӕ кӕны, Уый хъӕздыг лӕджы мӕгуырӕй уӕлдӕр не ’вӕры, уымӕн ӕмӕ се ’ппӕтӕн дӕр се Скӕнӕг у Уый.
Дӕ Кувӕндоны кӕрты иу бон алӕууын ӕндӕр ран мин боны арвитынӕй — хуыздӕр! Ӕнӕхуыцӕутты цатырты цӕрынӕй Хуыцауы хӕдзарӕн йӕ къӕсӕры цур лӕууын — хуыздӕр!
О Хуыцау, Ды сбирӕ кӕндзынӕ ацы адӕмы, стыр цин сын бауадздзынӕ сӕ зӕрдӕты. Уыдон цин кӕндзысты Дӕ разы, цыма зӕххӕй бӕркадджын тыллӕг исынц кӕнӕ ӕфтиаг уарынц, уыйау.
Цӕрдӕг нӕ алидздзӕн, тыхджынӕн фесӕфдзӕн йӕ хъару, нӕ фервӕздзӕн хъӕбатыр.
Ӕрӕнкъард сты Кушаны цӕрджыты цатыртӕ, ныррызтызты мидианӕгты хӕдзӕрттӕ.
Гедеон, цӕугӕцардгӕнджытӕ цы фӕндагыл цыдысты, ууылты Новах ӕмӕ Йагбехайӕ скӕсӕнӕрдӕм ацыдис ӕмӕ, знаг уый ӕнхъӕл нӕ уыд, афтӕмӕй йын йӕ рӕсӕнуатмӕ бабырста.
Иоасы фырт Гедеон хӕстон балцӕй фӕстӕмӕ здӕхти Хересы къуыбырыл.