Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 8:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Зевах ӕмӕ Цалмуннӕ фынддӕс мин хӕстонимӕ ӕрбынат кодтой Каркоры. Скӕсӕйнаг знӕмты ӕфсадӕй ма ӕрмӕстдӕр уый бӕрц баззади, ӕхсӕзыссӕдз мины дзы хӕсты фӕмард сты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 8:10
17 Iomraidhean Croise  

Моавӕгты паддзах уыдта, йӕ бон ницыуал у, уый ӕмӕ, йемӕ авдсӕдӕ ӕрдынджыны, афтӕмӕй бафӕлвӕрдта Едомы ӕфсады рӕнхъытӕ батоныныл ӕмӕ аирвӕзыныл, фӕлӕ йын дзы ницы рауад.


Авийа йе ’фсадимӕ израилӕгтӕй бирӕты фӕцагъта, Израилы адӕмӕй тохы быдыры фӕмард ис фондзсӕдӕ мин ӕвзаргӕ хӕстоны.


Ремалийы фырт Феках иу бонмӕ иудейӕгтӕй ныццагъта сӕдӕ дыууын мин ӕхсарджын хӕстоны, уымӕн ӕмӕ Иудейы адӕм сӕхи атигъ кодтой Дунедарӕгыл, сӕ фыдӕлты Хуыцауыл.


Израилӕгтӕ уацары се ’фсымӕртӕй уацары райстой сылгоймӕгтӕ ӕмӕ сывӕллӕтты — ӕдӕппӕтӕй дыууӕсӕдӕ мины. Бирӕ мулк сӕ рассывтой ӕмӕ се ’фтиаг Самаримӕ арвыстой.


Уӕд ассириӕгты рӕсӕнуатмӕ бацыди Дунедарӕджы ӕрвыст удхӕссӕг ӕмӕ сӕ амардта сӕдӕ ӕстай фондз мин хӕстоны. Райсомӕй се ’ппӕты дӕр ссардтой мардӕй.


Кӕддӕр сӕ мидианӕгтӕй куыд фервӕзын кодтай, афтӕ сын Ды ныр дӕр ныппырх кӕндзынӕ сӕ уӕззау ӕфсондз — ӕцӕгӕлон ӕлдарады ӕфсондз ӕмӕ фыдӕбойнаг рӕхыс, стӕй, цы лӕдзӕгӕй сӕ ӕфхӕрдтой, уый дӕр.


Бениамины байзӕддӕгтӕй авдсӕдӕ хӕстоны ӕрӕмбырд сты Гевӕйӕн йӕхицӕй, ӕхсӕз ӕмӕ ссӕдз мины та ӕрбацыдысты иннӕ сахартӕй.


Израилӕгтӕ та, Бениамины мыггаджы нӕ нымайгӕйӕ, уыдысты цыппарсӕдӕ мины бӕрц. Иууылдӕр — фӕлтӕрд хӕстонтӕ.


Израилӕгты фӕтӕгтӕ се ’ппӕт дӕр уыдысты уым. Уыцы ран ӕрӕмбырд сты Хуыцауы адӕм, кӕрдтӕй ифтонг хӕстонтӕ — цыппарсӕдӕ мины.


Уыдон та уыцы бон дӕр рацыдысты Гевӕйӕ ӕмӕ израилӕгтӕм бабырстой, ӕстдӕс мин гӕрзифтонг хӕстоны амардтой.


фӕлӕ Дунедарӕг израилӕгтӕн ӕххуыс кодта Йӕхӕдӕг. Уыцы бон сын израилӕгтӕ се ’фсадӕй амардтой фондз ӕмӕ ӕхсӕзыссӕдз мин гӕрзифтонг хӕстоны.


Уыцы бон Бениамины байзӕддӕгтӕй ӕдӕппӕтӕй фӕхъуыди фондз ӕмӕ ссӕдз мин гӕрзифтонг лӕджы, иууылдӕр уыдысты хъӕбатыр хӕстонтӕ.


Знӕгтӕ-иу ӕрбацыдысты ӕд бинонтӕ ӕмӕ ӕд фосы рӕгъӕуттӕ, мӕтыхтӕй-иу фылдӕр уыдысты. Сӕхицӕн дӕр ӕмӕ сӕ теуатӕн дӕр нымӕц нӕ уыди, ӕрбацыдысты ӕмӕ-иу ӕнӕхъӕн бӕстӕ сафтид кодтой.


Мидианӕгтӕ, амалекӕгтӕ ӕмӕ скӕсӕны адӕмтӕ ӕрбынат кодтой дӕлвӕзы. Мӕтыхтау бирӕ уыдысты, сӕ теуатӕ — денджызы змисау, ӕнӕнымӕц.


Гедеон рӕсӕнуатмӕ хӕстӕгдӕр бацыд ӕмӕ фехъуыста дыууӕ лӕджы ныхас. Уыдонӕй иу иннӕмӕн дзырдта: «Ӕз фыны уыдтон, цыма мидианӕгты рӕсӕнуатыл тымбыл хъӕбӕрхоры кӕрдзын фӕцӕйтылди. Цатыры онг куы батылд, уӕд ын ахӕм цӕф ныккодта, ӕмӕ цатыр афӕлдӕхт».


Ӕртӕсӕдӕ хӕстоны сыкъауадындзтӕй куы ныууасыдысты, уӕд Дунедарӕг афтӕ бакодта, ӕмӕ мидианӕгтӕ сӕ хъаматӕ кӕрӕдзийы ныхмӕ систой. Сӕ хӕстонтӕ фӕлыгъдысты суанг Бет-Шиттӕйы онг, Церерӕйы ’рдӕм, Таббатмӕ хӕстӕг сахар Авел-Мехолӕмӕ.


Гедеон, цӕугӕцардгӕнджытӕ цы фӕндагыл цыдысты, ууылты Новах ӕмӕ Йагбехайӕ скӕсӕнӕрдӕм ацыдис ӕмӕ, знаг уый ӕнхъӕл нӕ уыд, афтӕмӕй йын йӕ рӕсӕнуатмӕ бабырста.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan