Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 8:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Ефремы байзӕддӕгтӕ Гедеонӕн загътой: «Мидианӕгты ныхмӕ хӕцынмӕ куы ацыдтӕ, уӕд махмӕ цӕуылнӕ фӕдзырдтай?» Фыр мӕстӕй пиллон арт уагътой.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 8:1
9 Iomraidhean Croise  

Израилӕгтӕ паддзахмӕ бацыдысты ӕмӕ йӕ бафарстой: «Сӕхи дӕ цӕмӕн бакодтой не ’фсымӕртӕ, иудейӕгтӕ? Паддзахы дӕр, йӕ хӕдзаронты дӕр ӕмӕ йе ’ппӕт адӕмы дӕр уыдон цӕмӕн ӕрбахизын кодтой Иорданы ацы фарсмӕ?»


Иудейӕгтӕ сын дзуапп радтой: «Уымӕн ӕмӕ паддзах махӕн хиондӕр у. Уӕвгӕ ууыл та цы маст кӕнут? Паддзахы хардзӕй минас, мыййаг, фӕкодтам, ӕви нын паддзах исты лӕвӕрттӕ ракодта?»


Ӕдылыйы бабын кӕны йӕ маст, ӕнӕзонд йӕ мӕстыгӕрӕй фесӕфы.


Сабыр ныхас маст уромы, цӕхгӕр ныхас загъд къахы.


Ноджы ма федтон: адӕм кусынц ӕмӕ истӕуыл архайынц, кӕрӕдзимӕ хӕлӕг кӕй кӕнынц, уымӕн. Фӕлӕ уыдӕттӕ дӕр аивгъуыйынц, дымгӕ ’рцахсыныл куы архайай, уымӕй уӕлдай не сты!


Ефремӕн-иу йӕ ныхас куы райхъуыст, уӕд-иу адӕмыл ризӕг бахӕцыд. Стыр кад ын уыд Израилы, фӕлӕ Баалы тыххӕй азымджын фӕци ӕмӕ бабын ис.


Гедеон сын дзуапп радта: «Ау, ӕмӕ мӕнӕн цы бантысти, уыдон уӕ хъуыддӕгтимӕ абарӕн ис? Ефреммӕ ӕрхаудысты сӕнӕфсиры фӕстаг цупӕлттӕ, уыдон Авиезеры ӕфтиагӕй бирӕ хуыздӕр сты.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan