9 Ӕхсӕвы Дунедарӕг Гедеонӕн загъта: «Ныццу дӕлӕмӕ ӕмӕ мидианӕгты рӕсӕнуатмӕ бабырс. Ӕз демӕ дӕн, фӕуӕлахиз сыл уыдзынӕ.
Фӕлӕ ацы хатт сымах нӕ хӕцдзыстут семӕ. Ӕнцад-иу лӕуут ӕмӕ кӕсут, Дунедарӕг уӕ куыд фервӕзын кӕндзӕн, уымӕ. Иудейӕгтӕ ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕ! Ма тӕрсут ӕмӕ тасы ма бацӕут. Райсом-иу сӕ ныхмӕ хӕцынмӕ рацӕут. Дунедарӕг уыдзӕни уемӕ».
Адӕм тарф фынӕй куы кодтой, уӕд мыл ӕхсӕвы ӕнӕнцой цӕстылуайӕнтӕй
Ахӕм хъуыды йӕм куы сӕвзӕрди, уӕд ӕм фыны Хуыцауы зӕд раргом ис ӕмӕ йын загъта: «Давиды байзӕддаг Йосиф! Ма тӕрс дӕ усаг Мариайы хӕдзармӕ ӕрхонынӕй, уымӕн ӕмӕ, йӕ зӕрдӕйы бын кӕй хӕссы, Уый йын Сыгъдӕг Удӕй у.
Уыдон куы ацыдысты, уӕд Хуыцауы зӕд Йосифмӕ фыны раргом ис ӕмӕ йын загъта: «Сыст уӕлӕмӕ, Сывӕллоны Йӕ мадимӕ демӕ акӕн ӕмӕ лидзгӕ кӕн Мысырмӕ. Цалынмӕ дын зӕгъон, уӕдмӕ-иу уым лӕуу, уымӕн ӕмӕ Иродӕн йӕ зӕрды ис Сывӕллоны ссарын ӕмӕ Йӕ амарын».
Ӕз Кӕй дӕн ӕмӕ Кӕмӕн лӕггад кӕнын, Уыцы Хуыцауы зӕд мӕм фӕзынди дысон
Дунедарӕг Йешуайӕн загъта: «Ма сӕ фӕтӕрс. Ӕз дын сӕ дӕ къухтӕм ратдзынӕн. Дӕ ныхмӕ фӕлӕууын сӕ никӕй бон бауыдзӕн».
Дунедарӕг Йешуайӕн загъта: «Ма сӕ фӕтӕрс, уымӕн ӕмӕ сӕ райсом ацафон иууылдӕр ныццӕгъдын кӕндзынӕн израилӕгтӕн. Ды-иу сын фӕсхӕст сӕ бӕхты счъилты нуӕрттӕ адзӕнгӕл лас, сӕ хӕстон уӕрдӕттыл та сын арт бафтау».
Ноджы ма Йешуайӕн загътой: «Дунедарӕг нын уыцы зӕхх ӕнӕхъӕнӕй радта, ӕмӕ йӕ цӕрджытӕ ӕмризӕджы ризынц ӕрмӕст нӕ койӕ дӕр».
йӕ разы лӕггад кодта Аароны фырты фырт, Елеазары фырт Пинхас.) Израилӕгтӕ бафарстой: «Не ’фсымӕртимӕ, Бениамины мыггагимӕ, дарддӕр хӕцӕм ӕви нӕ? Ацы хӕст бауромӕм?» Дунедарӕг сын дзуапп радта: «Хӕцут! Райсом уын Ӕз уӕлахиз ратдзынӕн».
Хуыцауы Уд Гофниелыл ӕртыхсти, ӕмӕ уый сси Израилы фӕтӕг. Гофниел хӕстон балцы ацыд, ӕмӕ йын Дунедарӕг Арамы паддзах Кушан-Ришатаимы йӕ къухмӕ радта.
Ехуд йӕ адӕмӕн загъта: «Цомут мӕ фӕдыл! Дунедарӕг уын уе знӕгты, моавӕгты, уӕ къухмӕ радта». Израилӕгтӕ Ехуды фӕдыл хӕхтӕй рацыдысты. Иорданы цӕугӕдоны донуайӕнтӕ бацахстой ӕмӕ се знӕгтӕй, моавӕгтӕй, фаллаг фарсмӕ бахизын никӕй уагътой.
Кӕд тӕрсыс, уӕд уал сӕм де ’ххуырст Пураимӕ ныццу
Израилӕгтӕн семӕ уыди хӕринаг ӕмӕ сыкъауадындзтӕ. Мидианӕгты рӕсӕнуат уыди дӕле, тъӕпӕны.
Ионатан загъта: «Ӕввахс бацӕуӕм ацы адӕммӕ, куыд нӕ бафиппайой, афтӕ.
Давид та ногӕй бафарста Дунедарӕджы, ӕмӕ йын Дунедарӕг дзуапп радта: «Ныццу Кеиламӕ, филистимӕгты дын дӕ къухтӕм дӕттын».