6 Ӕртӕсӕдӕ лӕджы дон сдӕрдтой се ’взагӕй, иннӕтӕ иууылдӕр сӕ уӕрджытыл ӕрлӕууыдысты ӕмӕ дон къухӕй нуӕзтой.
Раст тӕрхон ӕмӕ ӕцӕгад — Йӕ хъуыддӕгты, Йӕ уынаффӕтӕн фехалӕн нӕй,
Алчидӕр йӕ фӕндӕгтӕ сыгъдӕгыл нымайы, фӕлӕ Дунедарӕг зӕрдӕтӕ фӕлвары.
Гедеон йӕ хӕстонты суадоны былмӕ акодта, ӕмӕ Дунедарӕг загъта: «Дон нуазынмӕ зӕххыл чи адӕлгом уа ӕмӕ дон куыдзау йе ’взагӕй чи сдӕра, уыдоны-иу слӕууын кӕн иуӕрдыгӕй, йӕ уӕрджытыл лӕугӕйӕ, дон къухӕй чи нуаза, уыдоны та — иннӕрдыгӕй».
Дунедарӕг Гедеонӕн загъта: «Дон йе ’взагӕй чи сдӕрдта, уыцы ӕртӕсӕдӕ лӕджы хъаруйӕ уын мидианӕгты басӕттын кӕндзынӕн. Иннӕтӕ сӕ хӕдзӕрттӕм ацӕуӕнт».